Югосетпотребнадзоры фехъусын кодтой коронавирусы фӕдыл тестты фӕстиуджытӕ

Республикӕйы коронавирусы пандемийы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ ауагътой 1700 тесты, фыццаг фӕрынчынуӕвджыты Хуссар Ирыстоны сбӕрӕг кодтой майы райдайӕны
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы не сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй ног рынчынты, фехъусын кодта Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Хуссар Иры Нагутнийы улӕфӕндоны баконд фӕфӕстиат пандемийы тыххӕй

Къуырисӕры ауагътой 55 тесты COVID-19 сбӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй иу дӕр нӕ равдыста вирусы уӕвынад.

"Республикон бирӕпрофилон медицинон центры инфекцион хайады хоскӕнынад цӕуынц 32 адӕймаджы", - загъта Гаглойты Анна.

Дохтырты хъусдарды бын сты 234 адӕймаджы, фондз сты хиизоляцийы.

Хуссар Ирыстоны майы райдайӕнӕй ауагътой 1700 тесты COVID-19 сбӕрӕг кӕныны фӕдыл.

Республикӕйы пандемийы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ коронавирус бахӕцыд 66 адӕймагыл, уыдонӕй 30 пациенты рафыстой рынчындонӕй.