Ӕртӕ ФТЦ ӕмӕ 16 нозтджын шофыры: Хуссар Иры МХМ ивгъуыд къуырийы уавӕры тыххӕй

Республикӕйы фӕндӕгтыл уавӕр ӕмӕ ивгъуыд къуырийы фыдракӕндты тыххӕй радзырдтой уагдоны
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри ӕрцыд ӕртӕ фӕндагон-транспортон цауы (ФТЦ), кӕцыты фӕстиуӕгӕн зиан баййӕфта иу адӕймаг, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

МХМ къордтӕ райдыдтой цӕттӕ кӕнын Уӕлахизы парадмӕ Цхинвалы

Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ фӕндӕгтыл ӕрурӕдтой 16 шофыры, кӕцытӕ скъӕрдтой хӕдтулгӕтӕ нозтджынӕй. Иумӕйагӕй ивгъуыд къуыри Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 152 фӕткхалды.

Барадхъахъхъӕнӕг органты пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй, 8-15 июны Хуссар Ирыстоны сӕххӕст кодтой ӕртӕ фыдракӕнды, кӕцытӕй дыууӕ раргом кодтой. Уымӕй дарддӕр, Цхинвалы ӕрцахстой цыппар адӕймаджы ӕхсӕнадон фӕткхӕлдты тыххӕй, уыдонӕй дыууӕйы тӕрхондон ӕрбаздахта административон бӕрнмӕ.