Кӕд ӕмӕ куыд ис гӕнӕн схъӕлӕс кӕнын Хуссар Иры УФ Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыныл

Уӕрӕсейы Федерацийы минӕварады радзырдтой, куыд ацӕудзӕн хъӕлӕсӕппӕрст республикӕйы фадгуыты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны территорийыл бакӕндзысты ӕртӕ фадыджы УФ Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл хъӕлӕсдӕттыны тыххӕй, хъусын кӕны Уӕрӕсейы минӕварады пресс-службӕ.

Ӕппӕтуӕрӕсейон хъӕлӕсӕппӕрсты бон Хуссар Иры байгом уыдзӕн ӕвзарӕн фадыг

Уӕрӕсейӕгтӕн Хуссар Ирыстоны хъӕлӕс раттыны фадат уыдзӕн УФ минӕварады бӕстыхайы Цоциты Василийы уынгыл, 2 хӕдзары, уӕрӕсейаг базӕйы ӕфсӕддонтӕн та бакӕндзысты дыууӕ ӕвзарӕн фадыджы Цхинвалы ӕмӕ Дзауы поселочы.

Афтӕ ма, ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕн сӕ бон нӕу ӕрбацӕуын бӕстыхаймӕ хъӕлӕсдӕттынмӕ се ‘нӕниздзинады тыххӕй, дӕттынц фадат схъӕлӕс кӕнын хӕдзӕрттӕй. Ахӕм хъӕлӕсдӕттыны фӕдыл куырдиат хъӕуы бадӕттын 16 июнӕй 1 июльмӕ 17.00 сахаты онг.

"Куырдиӕттӕ 25-ӕй 30-ӕм июньмӕ ист цӕуынц 10.00 сахатӕй 16.00 сахатмӕ ацы номыртӕм: + 7 (929) 803-92-80; + 7 (929) 809-52-47. Хъӕлӕсдӕттыны бон, 1 июлы, куырдиӕттӕ ист цӕудзысты 8.00 сахатӕй 16.00 сахатмӕ ацы номермӕ: + 7 (929) 811-97-27", - фехъусын кодтой минӕварады.

Хъӕлӕсдӕттын ӕвзарӕн фадгуыты райдайдзӕн ӕмгъуыдӕй раздӕр 25 июны ӕмӕ адарддӕр уыдзӕн 1 июльмӕ, хъӕлӕсдӕттыны боны онг.

Кӕд ӕмӕ куыд ис гӕнӕн схъӕлӕс кӕнын Хуссар Иры УФ Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыныл