УФ минӕварад Хуссар Иры фехъусын кодта йӕ куысты графикы ивындзинӕдты тыххӕй

Минӕварады куысты графикы ивындзинӕдтӕ баст сты Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл хъӕлӕсдӕттынимӕ, кӕцы Хуссар Ирыстоны территорийыл райдайдзӕн ӕмгъуыдӕй раздӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсейы минӕварады Консулон хайад уыдзӕн ӕхгӕд 25 июнӕй 1 июльмӕ. Ацы период уагъд цӕудзӕн ӕппӕтуӕрӕсейон хъӕлӕсӕдӕттын Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл.

Кӕд ӕмӕ куыд ис гӕнӕн схъӕлӕс кӕнын Хуссар Иры УФ Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыныл

УФ Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл хъӕлӕсдӕттын ацӕудзӕн 2020 азы 1 юлы. Ацы бон Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгтӕн уыдзӕн фадат схъӕлӕс кӕнын сӕ ӕвзарӕн фадыджы хуымӕтӕг режимы. Эпидемиологон уавӕр хынцгӕйӕ сфидар кодтой ног форматтӕ, цӕмӕй сӕххӕст кӕной ӕмбӕстӕгты ӕнӕниздзинады ӕдасдзинад. Уый у хъӕлӕсдӕттын ӕмгъуыдӕй раздӕр, хъӕлӕсдӕттын ӕнӕ бӕстыхайӕ, ӕнӕконтактон хъӕлӕсдӕттын хӕдзары, хъӕлӕсдӕттын уӕвынады бынаты ("Мобилон ӕвзарӕг") .

Уӕрӕсейӕгтӕн уыдзӕн фадат схъӕлӕс кӕнын Хуссар Ирыстоны территорийыл дӕр, фехъусын кодта амӕйразмӕ минӕварады пресс-службӕ. Бакӕндзысты фадыг минӕварады, цы ран схъӕлӕс кӕндзысты Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгтӕ, афтӕ ма дыууӕ ӕвзарӕн фадыджы бакӕндзысты уӕрӕсейаг базӕйы ӕфсӕддонтӕн. Уымӕй дарддӕр, ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕн сӕ бон нӕу ӕрбацӕуын ӕвзарӕн фадыгмӕ, ратдзысты фадат схъӕлӕс кӕнын хӕдзарӕй.