Уалыты хъӕуӕй рацӕугӕтӕ сарӕзтой фӕндаг мыггаджы кувӕндонмӕ

Фӕндаг ауадзыны инициатор ссис Цхинвалы районы Уалыты хъӕуӕй рацӕугӕ Уалыты Федор
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 июн – Sputnik. Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Уалыты хъӕуы фӕзынд фӕндаг мыггаджы кувӕндонмӕ. Фӕндаг ауадзыны инициатор ссис Цхинвалы районы Уалыты хъӕуӕй рацӕугӕ Уалыты Федор, кӕцыйыл цӕуы 89 азы.

Хъӕу у Хуссар Ирыстоны иууыл рагондӕр цӕрӕг пункттӕй сӕ иу, уымӕн бындур ӕрӕвӕрдта Уалыты мыггаг. Фӕстӕдӕр ардӕм рацыдысты ӕндӕр мыггӕгты минӕвӕрттӕ дӕр.

"Ӕз райгуырдтӕн ам, мӕ ныййарджытӕ сты ам ныгӕд. Раст зӕгъгӕйӕ, арӕх мӕ фӕндыд цӕуын мӕ райгуырӕн хъӕумӕ, фӕлӕ дзы уыд зынвадат фӕндаг", - радзырдта Уалыты Федор.

Цхинвал-Арцеу фӕндаджы арӕзтады фӕстӕ Уалыты хъӕу лыг ӕрцыд сӕйраг магистралӕй. Фӕндагон кусджытӕм, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ фӕкаст ӕмӕ хъӕуы цӕрджытӕ кӕй нал ис, уый тыххӕй йӕм бацӕуӕн дӕр нӕ хъӕуы аразын.

Куыст цардӕн фӕрӕз: цӕй фӕрцы дидин калы Хъабанты бинонты хӕдзарад

Уалыты Федор бадзырдта йӕ лӕппу Георгимӕ, цӕмӕй йын баххуыс кӕна аскъуыддзаг кӕнын проблемӕ. Уалыты Федоры ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕндаг ауадзынӕн бахъуыд цалдӕр сахаты куыст грейдерыл, ӕмӕ ныр рог хӕдтулгӕ ӕнцонтӕй цӕуы фӕндагыл.

"Фӕнды мӕ бузныг зӕгъын Уазӕгты Мевлуд ӕмӕ Уазӕгты Дмитрийӕн, кӕцытӕ баххуыс кодтой ауадзын фӕндагон куыстытӕ", - загъта Федор.

Уалыты Федор баныфсӕвӕрдта, хъӕумӕ ӕнцондӕр кӕй ссис бацӕуын, уый фӕстӕ бирӕты ногӕй ӕрфӕнддзӕн ӕрыздӕхын цӕрынмӕ хъӕумӕ.