Куыст цардӕн фӕрӕз: цӕй фӕрцы дидин калы Хъабанты бинонты хӕдзарад

© Sputnik / Дриаты ЛейлаХъабанты бинонты хӕдзарад
Хъабанты бинонты хӕдзарад  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъабанты Хъазбег æмæ йе ‘ртæ фырты сæ хæдзарады фæллой кæнынц иузæрдионæй, зындзинæдтæ мурмæ дæр нæ дарынц æмæ уымæ гæсгæ иу æнтыст иннæйы фæдыл æфты сæ къухты

ЦХИНВАЛ, 1 июн — Sputnik, Дриаты Лейла. Хъабанты бинонты фермерон хæдзарад Цхинвалы районы Къостайы хъæуы афтæ бирæ рæстæг дæр нæ уæвынад кæны, фæлæ куыстуарзаг адæймаг йæ куыстмæ бæрндзинады цæстæй куы кæса, уæд ын кæддæриддæр уыдзæн æнтыст, йæ куысты фæстиуджытæй рухс кæндзæн йæ зæрдæ.

Хъабанты Хъазбег æмæ йе ‘ртæ фырты сæ хæдзарады фæллой кæнынц иузæрдионæй, зындзинæдтæ мурмæ дæр нæ дарынц æмæ уымæ гæсгæ иу æнтыст иннæйы фæдыл æфты сæ къухты. Сæ зæххы фадыджы ныссагътой фæткъуы, кæрдо, бал, атъамийы талатæ, афтæ ма сæнæфсир дæр æмæ уыдон ныридæгæн райдыдтой тыллæг дæттын,. Цух нæ вæййы сæ зæххы фадыг пъамидор, джитъри æмæ æндæр цæхæрадоны культурæтæй дæр, базилынц сæм хорз æмæ тыллæгæрзадæй барухс вæййы сæ зæрдæ.

© Sputnik / Дриаты ЛейлаХъабанты бинонты хӕдзарад
Куыст цардӕн фӕрӕз: цӕй фӕрцы дидин калы Хъабанты бинонты хӕдзарад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъабанты бинонты хӕдзарад

Ивгъуыд аз бинонтӕ сарæзтой 6-хатæнон цæрæн хæдзар, хъæуы ма дзы арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ мидæгæй. Сæхи тыхтæй æруагътой рухсы хахх æмæ ныр ууыл дæр нал тыхсынц. Дзæвгар фыдæбон кодтой доны цухдзинады тыххæй, кæстæр фырт Батрадз дард ранæй дон ласгæ кодта æмæ тынг тыхстысты.

Чилӕхсаты Мурӕты бӕлӕттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Уарзын сӕ тынг": Чилӕхсаты Мурӕт йӕ 'нӕпайда фермӕйы тыххӕй

Сфæнд кодтой уыцы хъуагдзинад дæр аиуварс кæнын æмæ сын æнтысгæ дæр бакодта сæхи тыхтæ æмæ фæрæзты фæрцы. Ныр пайда кæнынц, йæ гъæдмæ гæсгæ иттæг хорз чи у, ахæм нуазыны донæй, пайда дзы кæнынц хардз кæнынæн дæр. Батрадз фæкæсы сыхæгтæм дæр, баласы сын йæхи техникæйыл дон.

Æнæмæнгхъæуæг уыд æркæнгæ тыллæг æмбæлон бынаты бафснайын æмæ уый дæр срæвдз кодтой. Уый фæрцы се ркæнгæ хъæууонхæдзарадон культурæтæ бабæстон кæнынц егъау бынаты.

Сæ зæххы фадыг нырмæ уыд 0,40 га, фæлæ ма йæм ноджыдæр бафтыдтой æмæ йæ иумиаг фæзуат у 0,70 га Ацы бонты кусынц йӕ сæмбонд кæныныл æмæ дзы уæд та райдайдзысты хуыдæттæ аразын.

ФОСДАРДЫ КЪАБАЗ

Хæдзарадмæ хъуццытæ ис 4, уыдонæй уал ноггуырд родтæ ис дыууæйæн, сты хæрзхаст. Ӕввахс рæстæджы ма ноггуырдтæм бафтдзæн ноджыдæр иу ахæм. Сæ хъуыдыйы ис, цæмæй стурты нымæц дæр фæфылдæр кæной. Нæу æнцон хуыдарды куыст кæнын, бирæ тых домы йæ хицауæй, фæлæ зындзинæдтæй нæ тæрсынц хæдзарады уæнгтæ.

© Sputnik / Дриаты ЛейлаХъабанты бинонты хӕдзарад
Куыст цардӕн фӕрӕз: цӕй фӕрцы дидин калы Хъабанты бинонты хӕдзарад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъабанты бинонты хӕдзарад

Дзæргъытæ сæм нымадæуы 8 æмæ уыдонæй æхсæзæн æввахс рæстæджы уыдзæн хъыбылтæ.. Хъыбылтæй фæлхасгæнджытæ ахастой 30, сæ домæнтæ ма сæххæст кæндзысты 20 фæлхасгæнæгæн. Хæдзарад кæны фысдарды куыст дæр æмæ азæй-азмæ сæ нымæцыл æфты. Ныртæккæ сæм фыстæ ис 140 æмæ уæрыччытæ та 70. Уалдзыгон хъарм бонты кæрдæг хорз сырæзт æмæ сæумæрайсомæй суанг изæрмæ фæхизынц сæрвæты.

ÆФСИРОН КУЛЬТУРÆТÆ

Ацы фермерон хæдзарад йæ уæвынадæй фæстæмæ алы аз дæр байтауы æфсирон культурæтæ æмæ сæ тыллæгæй барухс вæййы сæ зæрдæ. Ивгъуыд аз тыхджын ихуард кæй уыд, уый фæстиуæгæн хуымты тынг бахъыгдардта æмæ сæ тыллæг нæ райста.

Битарты Гамлет  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Пенсийы та – удӕнцой куыст: раздӕры барадхъахъхъӕнӕг Тъбеты сарӕзта фермерон хӕдзарад

Уӕд Мæздæджы сфæрæз кодтой мæнæуы хорз мыггаг, уый æртæ азы дæргъы дæтты хъæздыг тыллæг, стæй та йæ ногæй хъæуы баивын. Уæд фæззæджы рæстæгыл фæцырд сты æмæ фæззыгæнд мæнæу байтыдтой 12 гектары фæзуатыл, а-уалдзæджы та сын хъæбæрхоры культурæ тыд æрцыд 15 га. Байтыдтæ цæмæй æмбæлон æгъдауæй рæзой, хызт уой алыгъуызон зианхæссæг уырынгонтæй, уый тыххæй дæр сæххæст кодтой агротехникæйы фæткойтæ. Хæдзарады уæнгтæм дарддæры куысты хуыздæр фæстиуджытæ бафтын кæныны тыххæй ис бирæ фæндтæ æмæ сын уæд æнтыстытæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0