Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн арӕн ӕхгӕд уыдзӕн ноджы иу мӕй

Уӕрӕсеимӕ арӕны сӕрты ӕнӕ уӕлбартӕй хизыныл тобӕ ӕвӕрд ӕрцыд апрелы райдианы республикӕйы коронавирусы апарахат ма руадзыны тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 июн - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад аскъуыддзаг кодта Уӕрӕсеимӕ арӕны сӕрты хизыныл тобӕ адарддӕр кӕнын 31 июлы онг. Коронавирусы тыхмӕ тохы фарстытыл дзырд цыд ӕртыццӕджы министрты кабинеты рабадтыл.

Скъуыддзаг хаст ӕрцыд сыхаг бӕстӕты коронавирусы фӕдыл эпидемиологион уавӕр хынцгӕйӕ ӕмӕ республикӕйы цӕрджыты тӕссаг низӕй бахизыны нысанӕн.

Хуссар Иры коронавирус рабӕрӕг кодтой ноджы иу курсантӕн

Документмӕ гӕсгӕ, арӕны ӕхгӕд адарддӕр кодтой 2020 азы 31 июлы 13 сахаты ӕмӕ 59 минутӕйы онг.

"Махӕн ӕндӕр гӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны уавӕр нырма стабилон нӕу. Цӕрджытӕ хъуамӕ уый ӕмбарой. Хицауад ахӕм арӕнӕвӕрдтӕ исы не 'мбӕстӕгты ӕнӕниздзинад бахъахъхъӕныны нысанӕн, - загъта Пухаты Эрик.

"Югосетпотребнадзор"-ы сӕргълӕууӕг Коцты Марина банысан кодта, зӕгъгӕ, кӕд ӕмӕ коронавирусимӕ уавӕр фӕхуыздӕр уа, уӕд фӕрогдӕр кӕндзысты арӕнӕвӕрдтӕ дӕр.

Уыимӕ 1 июлӕй республикӕйы скусдзысты сабидӕттӕ. Июлы ма бакӕндзысты сабитӕн боны лагерь дӕр Цхинвалы скъола-интернаты бындурыл.

Хуссар Ирыстоны марты кӕрӕттӕй ис арӕнӕвӕрдтӕ COVID-19-ы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн. Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл та тобӕ сӕвӕрдтой 5 апрелы.