Хуссар Иры хъӕлӕс кӕнынц Уӕрӕсейы Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл

Уӕрӕсейаг Сӕйраг законмӕ ивындзинӕдты фӕдыл схъӕлӕс кӕнӕны бар ис республикӕйы цӕрджыты фылдӕр хайӕн – уымӕн ӕмӕ сын ис дывӕр (хуссарирыстойнаг ӕмӕ уӕрӕсейаг) ӕмбӕстӕгад
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 июн - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны бакодтой ӕртӕ ӕвзарӕн фадыджы Уӕрӕсейы Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл хъӕлӕсдӕттынӕн, фехъусын кодта Sputnik Уӕрӕсейы минӕварады консулон хайады хистӕр Хуссар Ирыстоны Сергей Алексеев.

Кӕд ӕмӕ куыд ис гӕнӕн схъӕлӕс кӕнын Хуссар Иры УФ Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыныл

Цыппӕрӕмы Уӕрӕсе ӕмӕ бӕстӕйы дипломатон минӕварадты фӕсарӕнты райдыдта хъӕлӕсдӕттын Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл. Схъӕлӕс кӕнын ис гӕнӕн ӕмгъуыдӕй раздӕр – 25 июнӕй, ӕмӕ хъӕлӕсдӕттыны бон – 1 июлы. Хъӕлӕсдӕттыны бон уыдзӕн ӕнӕкусӕгон. Онлайн ӕмӕ дистанцион хъӕлӕсдӕттын уагъд цӕудзӕн 25-30 июны.

Хуссар Ирыстоны бакодтой ӕртӕ ӕвзарӕн фадыджы – уыдонӕй дыууӕ 4-ӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы (Цхинвал ӕмӕ Дзауы), ӕмӕ иу фадыг та УФ минӕварады республикӕйы.

"Ӕфсӕддон базӕйы хъӕлӕс кӕндзысты ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддонтӕ, минӕварады та – Уӕрӕсейы Федерацийы ӕндӕр ӕмбӕстӕгтӕ, кӕцытӕ цӕрынц кӕнӕ рӕстӕгмӕ сты республикӕйы. Ӕвзарӕн фадгуыты бакондӕй фӕстӕмӕ бирӕ адӕм схъӕлӕс кодтой. Хъӕлӕстӕ банымайдзысты хъӕлӕсдӕттыны боны фӕуды фӕстӕ", - загъта Алексеев.

Дипломат банысан кодта, Хуссар Ирыстоны ӕмгъуыдӕй раздӕр схъӕлӕс кӕнын ис гӕнӕн 25-30 июны 10.00 сахатӕй 17.00 сахатмӕ.

"Фыццӕгӕм июлы та хъӕлӕсдӕттын уагъд цӕудзӕн 8.00 сахатӕй 20.00 сахатмӕ. Онлайн-хъӕлӕсдӕттыны та хайад райсыны бар ис ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ срегистраци кодтой паддзахадон лӕггӕдты сайтыл", - банысан кодта уый.

Хуссар Ирыстоны районты цӕрджытӕ, кӕцытӕн ис уӕрӕсейаг ӕмбӕстагад, хъуамӕ бадзурой районы администрацимӕ, кӕцы сын сорганизаци кӕндзӕн транспорт ӕвзарӕн фадыгмӕ ӕрцӕуынӕн.

Хуссар Иры хъӕлӕс кӕнынц Уӕрӕсейы Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл