Хуссар Иры санитарон уагдон фехъусын кодта коронавирусы фӕдыл тестты фӕстиуджытӕ

Майы райдайӕнӕй республикӕйы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 85 фӕрынчынуӕвӕджы, уыдонӕй 52 сӕнӕниз сты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 июн - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны не сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй ног рынчынты, ивгъуыд суткӕйы цы ӕрдӕг сӕдӕйӕ фылдӕр тесты ауагътой, уыдонӕй иу дӕр нӕ равдыста вирусы уӕвынад, загъта Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн арӕн ӕхгӕд уыдзӕн ноджы иу мӕй

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, инфекцион хайады хоскӕнынад цӕуынц 33 адӕймаджы COVID-19 диагнозимӕ.

"Инфекцион хайады хоскӕнынад цӕуынц 32 курсанты ӕмӕ иу медицинон кусӕг. Ног рынчынтӕ не сбӕрӕг кодтам, 52 тестӕй иу дӕр нӕ равдыста вирусы уӕвынад. Иумӕйагӕй ауагътам 2313 тесты", - загъта Гаглойты Анна.

Медикты хъусдарды бын сты 114 адӕймаджы.

Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад дыццӕджы адарддӕр кодта арӕнӕвӕрдтӕ Уӕрӕсеимӕ арӕныл 31 июлы онг. Скъуыддзаг рахастой уӕззау эпидемиологон уавӕр хынцгӕйӕ республикӕйы алыварс, сӕйраджыдӕр, Цӕгат Ирыстоны. 1 июлӕй фӕуд кӕны карантин сабидӕтты. Афтӕ ма бар радтой уадзын культурон ӕмӕ спортивон мадзӕлттӕ республикӕйы территорийыл ӕнӕ фӕсарӕйнаг уазджытӕй.