ЦХИНВАЛ, 29 июн - Sputnik. Ивгъуыд къуырийы Хуссар Ирыстоны территорийыл ӕрцыд дыууӕ фӕндагон-транспортон цауы, авариты фӕстиуӕгӕн бахъыгдардуӕвджытӕ нӕй. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Уымӕй дарддӕр ма Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 157 фӕткхӕлды. 17 шофыры ныхмӕ, кӕцытӕ хӕдтулгӕтӕ скъӕрдтой нозтджынӕй, бакондӕуыд административон протоколтӕ.
Уымӕй дарддӕр ма къуырийы дӕргъы республикӕйы территорийыл ӕрцыд дыууӕ фыдракӕнды, уыдонӕй иу раргом кодтой барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ. Алыгъуызон ӕхсӕнадон фӕткхӕлдты тыххӕй МХМ минӕвӕрттӕ ӕрурӕдтой ӕхсӕз адӕймаджы, уыдонӕй дыууӕ райстой административон ӕфхӕрд.