Арӕныл тобӕ ахицӕн кодта ӕвзонг бинонты Цхинвалӕй

Тедеты Артур æмæ Блиты Алена сæ цард баиу кодтой 2019 азы февралы, фæлæ сæ къайад не сфидар кодта, карантины размæ балцы æвзонг чызджы баппæрста цæхæры – уымæн йæ æнахъом сабиимæ æрцæуын фадат нал ис
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Блиты Аленайæн йæ бинонтæ æмæ хæдзар сты Цхинвалы, фæлæ йæм Хуссар Иры æмбæстагад кæй нæй, уымæ гæсгæ йын республикæмæ фæндаг у æхгæд. Æвзонг чызг мæйдзыд сабиимæ рахау-бахау кæны адæмы къуымты, бæрнон кусджытæ та йын ныфс дæр нæ дæттынц.

Хуссар Иры скъолаты карантин адарддӕр кодтой ахуырадон азы фӕудмӕ

Хуссар Ирыстонмӕ дыццӕджы ӕрцӕуы не мбӕстӕгты стыр къорд. Фӕлӕ ма цӕгаты баззад ахӕмтӕ, кӕцыты ӕрцӕуынвӕд чи кæны, уыдон номхыгъдтӕм дӕр кӕй нӕ хӕссынц.

Коронавирусы фӕдыл Уӕрӕсеимӕ ӕхгӕд арӕнты аххосӕй ныр ӕртыккаг мӕй Хуссар Ирыстонмӕ ӕрӕздӕхын йӕ бон нӕу Блиты Аленайӕн цалдӕр бондзыд сабимӕ. Ӕвзонг ныййарӕг тыхсы цӕрӕн бынатӕй, инстанцитӕй йӕ балцытӕй дӕр райгондӕй никуы баззад.

"Ӕртыккаг скрининг саразынæн мæ хъуыд ӕрцӕуын Дзӕуджыхъӕумӕ. Арӕныл мын уӕд загътой иу къуыримӕ мӕ бон кӕй уыдзӕн раздæхын, фӕлӕ уыцы изӕр фӕндаг ӕрӕхгӕдтой", - загъта Блиты Алена.

Арæн бакæнынмæ æнхъæлмæ кæсгæ цыдысты бонтæ æмæ мæйтæ. Чызгӕн  ацы ӕмгъуыд райгуырд чызг Дина ӕмӕ та ӕвзонг ныййарӕг бацархайдта Цхинвалмӕ ӕрцӕуын.

"12-бондзыд сывӕллонимӕ бацыдтӕн консулон хайадмӕ, уым мын загътой ӕнӕ Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгадӕй радты не 'вӕрынц", - бафтыдта уый.

Арӕныл тобӕ ахицӕн кодта ӕвзонг бинонты Цхинвалӕй

Чызгӕн йӕ ӕнахъом сабиимӕ кӕм цӕрой, уый дӕр нӕй. Йӕ ныййарӕг фӕстаг ӕзты цӕры Сочийы, Алена та ӕрбынат кодта рӕстӕгмӕ къуындӕг уавӕрты йӕ дард хӕстӕгтмӕ.

Хуссар Иры коронавирусы уавӕрмӕ йӕ цӕст дардзӕн оперативон штаб

"Дард хӕстӕджытӕм цӕрын къуындӕг ӕмӕ мӕгуырау уавӕрты, ӕндӕр бон мӕ нӕй. Мӕ мой мын ӕрвиты фӕрӕзтӕ, фӕлӕ афтӕ кӕдмӕ цӕрон, нал фӕразын", - загъта Блиты Алена.

Чызг Дзӕуджыхъӕуы уагдӕтты къӕсӕртӕ ныннадта, лӕг та ам фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрадмӕ цӕуы, фӕлӕ ӕвзонг бинонтӕн баиу кӕнын не 'нтысы.

"Хуссар Ирыстоны консулы номер ссардтон, уый та сын банхъардта ФХМ-мæ бацӕуын Цхинвалы. Мӕ лӕг та ФХМ-мæ бацыд, фӕлӕ нын ницы баххуыс кодтой", - радзырдта Sputnik чызг.

2019 азы февралы Блиты Алена чындзы ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ, йӕ цард баиу кодта Тедеты Артуримӕ, фӕлӕ  къайад не сфидар кодтой.