Хуссар Иры нӕ рабӕрӕг кодтой коронавирусӕй ног рынчынты – Югосетпотребнадзор

Майы райдайӕнӕй республикӕйы COVID-19-ӕй фӕрынчын сты 85 адӕймаджы, уыдонӕй 76 сӕнӕниз сты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 июн - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны цалдӕр боны нӕ бӕрӕг кӕнынц коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты. Ивгъуыд къуырийы цы тесттӕ ауагътой, уыдонӕй иу дӕр нӕ равдыста вирусы уӕвынад, фехъусын кодта Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты фылдӕр хай – 76 адӕймаджы – сӕнӕниз сты.

"Абоны бон рынчындоны хоскӕнынад цӕуынц фараст адӕймаджы – аст курсанты ӕмӕ иу медицинон кусӕг. Ног рынчынты не сбӕрӕг кодтам", - загъта Гаглойты Анна.

Карантины сты 106 адӕймаджы, сӕ нымӕцы ӕмбӕстӕгты къорд, кӕцы ӕрцыд хуыцаубоны.

Хуссар Иры медиктӕн фиддонтӕ ссӕрибар кӕдзысты хъалонтӕй

Ӕртыццӕджы, 1 июлы, карантин фӕуд кӕны сабидӕтты. Уыдон райдайдзысты кусын цыппӕрӕмӕй, уымӕн ӕмӕ УФ Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл хъӕлӕсдӕттыны бон Хуссар Ирыстоны у улӕфт бон.

Республикӕйы систой коронавирусы фӕдыл арӕнӕвӕрдты фылдӕр хай. Ӕхгӕд ма сты сабидӕттӕ, фӕлӕ уым дӕр карантин фӕуд кӕны 1 июлӕй.

Фӕлӕ Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад адарддӕр кодта тобӕ Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл 31 июлы онг.