Сног кӕндзысты традици: Цхинвалы райдайдзысты уадзын "Ирон хъазт"

Ирон кафты изӕртӕ райдайдзысты 7 июлӕй ӕмӕ уагъд цӕудзысты ӕнӕхъӕнӕн сӕрдыгон сезоны дӕргъы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 июл – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы сног кӕндзысты националон кафты изӕртӕ "Ирон хъазт", фехъусын кодтой столицӕйы администрацийы пресс-службӕйы.

Цхинвалы банысан кӕндзысты фӕсивӕды бон ирон хъазтæй

Ивгъуыд ӕзты уагъд цыдысты ахӕм кафӕн изӕртӕ, кӕцытӕ уыдысты тынг популярон Цхинвалы фӕсивӕды хсӕн.

"Столицӕ ӕмӕ районты фӕсивӕдӕн уыдзӕн фадат равдисын сӕ кафыны курдиат", - банысан кодтой пресс-службӕ.

Администрацийы бафтыдтой, зӕгъгӕ, националон кафты изӕртӕ райдайдзысты 7 июлы ӕмӕ уагъд цӕудзысты ӕнӕхъӕн сӕрдыгон сезоны дӕргъы. Изӕрты организатор у горӕты администрацийы культурӕйы хайад.

Цхинвалы карантинон мадзӕлттӕ сисыны фӕстӕ ацыд ацы аз фыццаг "Ирон хъазт", уый снывонд кодтой Фӕсивӕды бонӕн, мадзал сорганизаци кодта горӕты администраци фӕсивӕдон организаци "Иугонд Алани"-йы ӕмархайдӕй.