Хуссар Иры боны лагеры баулӕфдзысты 280 сывӕллоны

Ахуырады министрады улӕфджыты къордтӕ арӕзт цӕуынц 7-10 азы кары скъоладзаутӕй, фыццаг рады ист цӕуынц ӕххуысхъуаг бинонты зӕнӕг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 июл- Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны скъоладзаутӕ баулӕфдзысты боны лагеры Цхинвалы скъола-интернаты бындурыл. Лагерь райсдзӕн улӕфджыты дыууӕ къорды, фехъусын кодта Sputnik ахуырады министрады уӕлӕмхас ахуырад ӕмӕ хъомылады хайады гӕс Джиоты Эльза.

Дзауы районы сараздзысты ног лагерь сывæллæттæн

Ацы аз коронавирусы апарахат ма руадзыны фӕдыл тобӕйы мадзӕлттӕ фӕкъуындӕг кодтой сӕрдыгон улӕфт бонтӕ арвитыны фадӕттӕ. Адӕмӕн нал ис денджызмӕ ацӕуыны амал ӕхгӕд арӕны тыххӕй, фӕкъаддӕр сты бынӕттон лагерты нымӕц дӕр.

"Уавӕр хынцгӕйӕ, мах кӕнӕм ӕрмӕст иу лагерь. 13 июлы уый райдайдзӕн йӕ куыст. Баулӕфдзысты дзы дыууӕ къорды фӕйнӕ дыууӕ къуырийы", - загъта Джиоты Эльза.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, улӕфджыты фыццаг къорд ныридӕгӕн фидаргонд ӕрцыд.

"Ӕмрӕстӕджы лагеры улӕфдзысты 140 сывӕллоны 7-10 кары. Тынг бирӕты фӕндыд, фӕлӕ приоритет ис ӕххуысхъуаг бинонты  сывӕллӕттӕн ӕмӕ сӕ ныййарджытӕ кусгӕ кӕмӕн кӕнынц, уыдонӕн", - бафтыдта министрады кусӕг.

Джиоты Эльза ма банысан кодта, сывӕллӕттӕн кӕй бацӕттӕ кодтой хъӕздыг ӕмӕ цымыдисон нывӕзт.