Знауыры районы ӕртындӕс хъӕумӕ бауадздзысты дон

Фӕстаг ӕзты республикӕйӕ хъӕуты стыр проблемӕ ссис доны цухдзинад - басур сты бирӕ суадӕттӕ. Ацы азы нывӕзты ис 13 хъӕуы, уыдонӕй дыууӕмӕ куыстытӕ ӕххӕст фесты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 июл - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы ӕртындӕс хъӕуы сифтонг кӕндзысты донӕй. 2020 азы нывӕзты хъӕутӕй дыууӕмӕ ныр дӕр хӕццӕ кӕныны дон, фехъусын кодта Sputnik районы цӕрӕн-коммуналон хӕдзарады хистӕр Дзуццаты Бимболат.

Ӕнусон проблемӕ: Цхинвалы дон ногӕй цӕудзӕн графикмӕ гӕсгӕ

Фӕстаг ӕзты республикӕйӕ хъӕуты стыр проблемӕ ссис доны цухдзинад - басур сты бирӕ суадӕттӕ.

"Дыууӕ хъӕумӕ бауагътам дон - поселочы иу цӕгатварс хаймӕ дон рауагътам Циндарӕй, стӕй ма Гатыгкоты хъӕуы дӕр ныр райстой дон",- загъта уый.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ма азы кӕронмӕ ноджы донифтонгад срӕвдз кӕндзысты ноджы 11 хъӕумӕ.

"Хслиты хъӕумӕ хъӕуы рауадзын дон, фӕлӕ дзы донгуырӕн кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ дзы скъахдзыстӕм цъай дӕр. Кӕвдӕстау 1,6 км уыдзӕн доны хахх ӕмӕ суадон дӕр у аразинаг. Тигъуайы зындгонд кувӕндон дӕр у ӕнӕ дон ӕмӕ йӕм ӕртӕ километры дӕрддзӕфӕй рауадздзыстӕм доны хахх", - бафтыда Дзуццаты Бимболат.

Уый ма бафиппайдта, суадӕттӕ кӕй басур сты, уый тыххаей кӕцыдӕр хъӕутӕм ласынц дон.

"Ног хъӕу, Нарджытӕ, Дзагъина, Терегуан, Ӕлборты хъӕу, Сихиат, Бехъмар ӕмӕ Принеу, ацы хъӕутӕ хъуамӕ ифтонг ӕрцӕуой донӕй азы кӕронмӕ. Стӕй ма нӕ фадӕттӕ куыд амоной, афтӕ уӕлӕмхасӕй арӕзт цӕудзысты ноджы доны хӕххытӕ", - загъта уый.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ма йӕхӕдӕг дон чи уадзы, уыдонӕн дӕр баххуыс кӕнынц техникӕйы.