Хуссар Иры хъӕуы цӕрӕг барвӕндонӕй радта гранатометтӕ ӕмӕ хӕстӕрмӕджытӕ

Хъӕуы цӕрӕг барвӕндонӕй кӕй радта хӕцӕнгарз ӕмӕ хӕстӕрмӕджытӕ, уый фӕдыл ӕй ссӕрибар кодтой уголовон бӕрндзинадӕй, банысан кодтой ПӔК
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Хелчуайы хъӕуы цӕрӕг барвӕндонӕй радта барадхъахъхъӕнджытӕн хӕцӕнгарз ӕмӕ хӕстӕрмӕджытӕ, хъусын кӕны дыццӕджы Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службӕ.

Ленингоры районы ссардтой хӕстӕрмӕджыты егъау парти

Уагдоны банысан кодтой, хъӕуы цӕрӕг кӕй радта ӕртӕ гранатометы РПГ-26, РПГ-7 гранатометы ӕхсӕз гранатӕйы, 16 гранатӕйы РГО, 20 гранатӕйы РГД-5 ӕмӕ автоматы нӕмгуытӕ.

Комитеты бахахх кодтой, хӕцӕнгарз ӕмӕ хӕстӕрмӕджытӕ барвӕндонӕй кӕй радтой, уый фӕдыл республикӕйы законтӕм гӕсгӕ хъӕуы цӕрӕджы ссӕрибар кодтой уголовон бӕрндзинадӕй.