Хуссар Иры сцалцӕг кӕндзысты фӕндаг Джеры дзуармӕ

Цхинвалы районы коммуналон кусджытӕ ныридӕгӕн сцалцӕг кодтой хъӕууон фӕндӕгты 15 километры, ноджы ма уыййас нывӕндынц саразын. Цалцӕггӕнӕн куыстытӕ иууылдӕр аразы районы ЦКХ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 июл - Sputnik. Цхинвалы районы Джеры комы сцалцӕг кӕндзысты хъӕууон фӕндаг, фехъусын кодта Sputnik районы администрацийы Цӕрӕн-коммуналон хӕдзарады (ЦКХ) сӕргълӕууӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Уазӕгты Мевлуд.

Знауыры районы ӕртындӕс хъӕумӕ бауадздзысты дон

Уый банысан кодта, ныридӕгӕн кӕй сног кодтой фӕндӕгтӕ цӕрӕг пунктты Мамысантӕ, Гудзабар, Уанат – Ортъеу, Уанат – Сацхен – ӕмткӕй 15 километры.

"Ӕввахс бонты райдайдзыстӕм кусын Уанат-Джер фӕндагыл. Фӕндаг, кӕцы цӕуы кувӕндонмӕ, цалцӕг кӕнынц ӕрвылаз. Фарон дзы хуыр ныккалдтам, фӕлӕ уалдзӕджы фӕндаг аласы дон. Ахӕм цалцӕг хъӕуы уадзын иудадзыг", - загъта Уазӕгты Мевлуд.

Уанат-Джер фӕндаджы хайы дӕргъ у 14 километры.

Ӕвзӕр фӕндӕгтӕ ӕмӕ донифтонгады цухдзинад сты Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы хъӕуты проблемӕтӕ. Ацы здӕхты куыстытӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕны районы ЦКХ.