Квайсайы модернизацигонд ӕрцыд донифтонгады хахх

Дыууӕ отстойник сарӕзтой ӕмӕ фидар рцыд сӕйраг объект - йӕ бетон уыд ивгъуыд ӕнусы 60-ӕм ӕзты арӕзт ӕмӕ уыд мӕгуыр уавӕры
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 31 июл – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Иры Къуыдаргомы центрмӕ модернизацигонд ӕрцыд донæй ифтонгады хахх Везур-Къуайса, фехъусын кодта Sputnik Къуайсайы разамонӕг Бӕззаты Геннадий.

Арӕзтадон куыстытӕ фыст уыдысты 2019 азы нывӕзты, фӕлӕ нырма балансыл ӕвӕрд не рцыд, чысыл баххӕстгӕнинӕгты аххосӕй.

"Дыууӕ отстойник сарӕзтой ӕмӕ фидар рцыд сӕйраг объект - йӕ бетон уыд ивгъуыд ӕнусы 60-ӕм ӕзты арӕзт ӕмӕ уыд мӕгуыр уавӕры",- загъта горӕты мэр.
Къуаисайы аиуварс кодтой доны хæтæлы авари

Горӕтмӕ дон цы бынатӕй цӕуы, уый ныридӕгӕн федзӕрӕг, Къуайса у 9 километры дӕрддзӕф.

"Везурӕй доны хахх арӕзт ӕрцыд советон дуджы, йӕ дӕргъ у 9 километры. Ныридӕгӕн дӕр дзы пайда кӕнӕм, фӕлӕ ма чысыл бацаразинӕгты тыххӕй ист не рцыд балансмӕ",- бафтыдта уый

Арӕзтадон куыстытӕ ӕххӕст кодта Дзауы районы цӕрӕн-коммуналон хӕдзарад.