ЦХИНВАЛ, 3 авг – Sputnik. Авдаздзыд Будайты Олан Цӕгат Ирыстонӕй рамбылдта дыууӕ ӕхсӕнадӕмон конкурсы "Grand Talent" ӕмӕ "МоРеСоль"-ы, хъусын кӕнынц Дзӕуджыхъӕуы Адӕмон ног хабӕрттӕ.
"Grand Talent" конкурсы ӕвзонг музыкант рамбылдта гран-при номинаци "Духовые" ӕмӕ ссис фыццаг къӕпхӕны лауреат номинаци "Фортепиано"-йы. "МоРеСоль"-ы та Будайты Олан райста гран-при зарӕг "День Победы"-йы тыххӕй.
Конкурстӕ сорганизаци кодтой Мӕскуыйы, уыдон цыдысты дистанцион режимы.
Амӕйразмӕ ӕвзонг зарӕггӕнӕг Хуссар Ирыстонӕй Харебаты Марта бавдыста йӕ фарсытыл социалон хызӕгты ног композици "Къуыдайраг лæппу" Хацырты Сергейы ӕмдзӕвгӕтыл.