Хуссарирыстойнаг богал стох кӕндзӕн Европӕйы фыццагады

Ивгъуыд аз Уӕрӕсейы уӕлахиздзау суӕвгӕйӕ Сослан райста балцӕг Европӕйы фыццагадмӕ, фӕлӕ уӕд ерысты фысым - Болгари лӕппуйӕн нӕ радта виза
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 авг– Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг богал, Уӕрӕсейы 2019 азы уӕгъдибар хъӕбысхӕсты фыццагады уӕлахиздзау Дзӕгъиаты Сослан стох кӕндзӕн Европӕйы фыццагады, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Коцты Тамерлан.

Хуссар Иры богал стох кӕндзӕн Уӕрӕсейы чемпионаты

Ерыстӕ ацӕудзысты октябры Польшӕйы. Ивгъуыд аз Уӕрӕсейы уӕлахиздзау суӕвгӕйӕ Сослан райста балцӕг Европӕйы фыццагадмӕ, фӕлӕ уӕд ерысты фысым - Болгари лӕппуйӕн нӕ радта виза.

"Ныртӕккӕ Дзӕгъиаты Сосланы командӕ цӕттӕ кӕны лӕппуйы документтӕ виза райсыны тыххӕй", - загъта Коцты Тамерлан.

Тренеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ аннӕ ӕнтыстджын хъомылгӕнинӕгтӕ - Зассеты Арсӕмӕг ӕмӕ Бестауты Андрей дӕр сӕхи цӕттӕ кӕныныц ӕрбалӕугӕ ерыстӕм.
"Пандемиимӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, мах кусӕм раздӕрау. Лӕппутӕ цӕттӕ кӕнынц ерыстӕм. Арсӕмӕджы фӕнд кӕнӕм раразмӕ кӕнын хистӕрты ӕмӕ фӕсивӕды хсӕн дӕр", - бафтыдта уый.