ЦХИНВАЛ, 4 авг – Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты ацы аз Цхинвалы цы аст уынджы хъуамӕ ӕрцӕуой цалцӕг, уыдонӕй авдыл ныртӕккӕ активонӕй уагъд цӕуынц куыстытӕ
Республикæйы Арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæдивæг Гаглойты Сергейы ныхæстæм гæсгæ, развæлгъау уал уынгтыл ивд цæуынц газы, нуазыны доны æмæ канализацийы хæххытæ.
"Авд уынгыл активонæй кусынц зæххы бын коммуникацитæ ивыныл. Газы хæтæлтæ ивыныл кусы паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс", доны æмæ канализацийы хæххытæ ивыныл та – "Водоканал", - банысан кодта Гаглойты Сергей.
Цхинвалы Белинскийы уынджы ныртæккæ аразджытæ кусынц газ уадзыныл, магистралон трубæтæ æвæрыны фæдыл куыстытæ æххæст æрцыдысты 75 процентæй. Доны æмæ канализацийы фæдыл куыстытæ та – 80 процентæй.
"Газуадзæн куыстытæ ныртæккæ фесты Хъайтарты æмæ Кимы уынгты. Ныртæккæ Кимы уынджы цæуынц хæрзарæзтадон куыстытæ – калынц ыл ставд цъæлдур æмæ лыстæг хуырдур. Тротуарты та цæттæ кæнынц плиткæ сæвæрынмæ. Табуйы фырты уынджы уадзынц магистралон газы хахх, хæдзæрттæм бауагътой газ, æвæрд цæуынц газнымайæнтæ. Æвæрд æрцыдысты магистралон канализацион трубæтæ дæр æмæ аразджытæ хæдзæрттæм уадзынц канализацион æмæ донуадзæн хæххытæ", - ранымадта Гаглойты Сергей.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Революцийы уынджы дæр цæуынц газуадзæн куыстытæ, фæуд кæны канализацион хахх, кусынц доны хахх уадзыныл æмæ цъайтæ аразыныл дæр.
Базарадон уынджы æвæрынц магистралон газуадзæн, газ уадзынц хæдзæрттæм, æвæринаг ма сты газынымайæнтæ, доны æмæ канализацийы фæдыл куыстытæ фесты.
Нæузæххонты уынджы фæуд кæнынц газуадзæн куыстытæ, монтаж кæнынц газрегуляторгæнæн пункттæ. Куыст цæуы дон æмæ канализацийы хæххытæ хæдзæрттæм уадзыныл.
Гаглойты Сергей ма куыд зæгъы, афтæмæй Плиты Ароны уынджы дæр аразджытæ рæхджы æрывналдзысты хæрзарæзтадон куыстытæм.
Инвестпрограммæмæ хаст объекттæй дарддæр ма "Водоканал"-æн хæсгонд у, цæмæй Джиоты Аланы проспекты кæрон 130, 130 а, 128, 128 а æмæ 128 б бирæфатерон корпусты территорийыл раивой зæронд канализацион хæтæлтæ.
Азы райдианæй ма Сталины уынджы 96 æмæ 98-æм хæдзæрттæ, Фидауынгæнджыты уынджы 5, 6, 8 æмæ 10-æм хæдзæрттæ, Путины уынджы 2-æм хæдзары дæр ма цалцæг æрцыдысты канализацион хæххытæ.