Цӕгат Иры дыккаг бон фӕд-фӕдыл бӕрӕг кӕнынц коронавирусӕй 7 ног рынчыны

Республикӕйы 7 августы райсоммӕ сбӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй 4618 фӕрынчынуӕвӕджы, уыдонӕй 4128 сӕнӕниз сты, 67 адӕймаджы амардысты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 авг – Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы рабӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй авд ног рынчыны. Майрӕмбоны райсоммӕ республикӕйы фӕрынчынуӕвджыты нымӕц у 4618 адӕймаджы, фехъусын кодтой Роспотребнадзоры.

Ног рынчынтӕ нӕй: Югосетпотребнадзор коронавирусимӕ уавӕры тыххӕй

- 381 адӕймаджы сты амбулаторон хоскӕнынады.

- 42 адӕймаджы хос кӕнынц республикӕйы медицинон уагдӕтты.

- 4128 адӕймаджы сӕнӕниз сты.

- 67 адӕймаджы амардысты.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Коронавирусӕй фӕрынчын сты 19 милуан адӕймаджы, 710 мин рынчынӕй фылдӕр амардысты.