Цхинвалы фӕуд кӕны Хуссар Иры зынгхуыст хъайтартӕн мемориалы арӕзтад

Арӕзтады рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагимы барамындӕй проектмӕ бахастой ивындзинӕдтӕ – уый ссис егъаудӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 авг – Sputnik, Чехойты Инга. Хуссар Ирыстоны зынгхуыст хъайтартӕн Мемориалон комплексы арӕзтады фӕдыл куыстыты фылдӕр хай сӕххӕст кодтой.

Цхинвалы фӕуд кӕны Хуссар Иры зынгхуыст хъайтартӕн мемориалы арӕзтад

Ныртӕккӕ фӕуд кӕны постаменты композицийы централон объекты облицовкӕ, цы ран сӕвӕрдзысты хъамаимӕ хӕстоны ӕртӕметрон фигурӕ, кӕцы йӕ сӕр ӕркъул кодта зынгхуыст хъайтарты мысӕнӕн. Плитӕтыл та ныффысдзысты ӕфсӕддонты нӕмттӕ, кӕцытӕ амардысты сӕ Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнгӕйӕ. Афтӕ ма дзы уыдзӕн Уастырджийы сурӕт дӕр.

Цхинвалы ӕртӕ уынгыл фесты дӕлзӕххон коммуникацитӕ ивыны куыстытӕ

Скульптурон композийы автор у Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгӕнӕг Зассеты Сӕрмӕт.

Мемориалы структурӕйы сӕвӕрдзысты республикӕйы хъахъхъӕнынады фыццаг министр Хуыбылты Валерий ӕмӕ РХИ Гарзджын тыхты фыццаг командӕгӕнӕг Джиоты Аланы бюсттӕ. Уыдон сараздзӕн Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгӕнӕг Хуыбиаты Роберт.

Афтӕ ма ӕххӕст цӕуы комплексы территорийы хӕрзарӕзтад.

Цхинвалы фӕуд кӕны Хуссар Иры зынгхуыст хъайтартӕн мемориалы арӕзтад

Мемориалон комплексы баконд нывӕндынц ауадзын ацы аз 20 сентябры Республикӕ Хуссар Ирыстоны 30 азы юбилейы бӕрӕгбоны рӕстӕджы.

Знон зынгхуыст хъайтартӕн мемориалы арӕзтад бабӕрӕг кодта республикӕйы президент Бибылты Анатолий. Уый банысан колдта, ацы комплексы арӕзтад ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй адӕмы хъуыдыйы баззайой Хуссар Ирыстоны историйы нырыккон цаутӕ, афтӕ ӕфсӕддонты ӕфсӕддон-патриотикон хъомыладӕн дӕр.