Вазыгджын фадгуытæм - уæлдай хъусдард: президент Къуаисайы фæндаджы арæзтады тыххæй

Президенты уæлдай тынгдæр цымыдис кодтой фæндаджы вазыгджын фадгуытæ, цы ран æнæмæнгхъæуæг сты инженерон амаддзагты арæзтæдтæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бабæрæг кодта автомобилон фæндаг Гуфта-Къуаисайы арæзтад, хъусын кæны бæстæйы сæргълæууæджы пресс-службæ.

Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæргълæууæг Гуыззыттаты Эдуард радзырдта президентæн, фæстаг этапыл бакæнгæ куыстыты бæрц кæй у хицæн æмæ хицæн.

"15 километрæй цыппар ныридæгæн у асфальт, кæцыдæр фагуытыл уагъд цæуынц растгæнæн куыстытæ, фæндаджы иу хай та у цæттæ асфальтæй бамбæрзынмæ", - загъта уый.

Комитеты хистæр ма бамбарын кодта, графикæй чысыл фæстейæ кæй аззадысты, фæлæ йæ цадæггай æххæст кæнынц.

Вазыгджын фадгуытæм - уæлдай хъусдард: президент Къуаисайы фæндаджы арæзтады тыххæй

Президенты уæлдай тынгдæр цымыдис кодтой фæндаджы вазыгджын фадгуытæ, цы ран æнæмæнгхъæуæг сты инженерон амаддзагты арæзтæдтæ.

"Курын уæ арæхстджындæрæй бакæнын уыцы куыстытæ. Уыдон тыххæй чизоны фæфæстæ уа график дæр, фæлæ уыимæ уынын, куыстытæ кæй цæуынц æнтыстджынæй", - загъта Бибылты Анатолий.

Бæстæйы сæргълæууæг ма уымæй дарддр федта Дзауы районы Кировы хъæуы цур хиды арæзтад дæр.