Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕфсӕддонтӕ иумӕйаг тыхтӕй скуынӕг кодтой "ныхмӕлӕууӕджы"

Ахуыртӕ уагъд цыдысты хӕххон полигон "Дзарцъемы". Уӕрӕсейаг фарсӕй уым хайад истой 1200 ӕфсӕддонӕй фылдӕр, фехъусын кодтой Хуссар ӕфсӕддон зылды
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 авг - Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы мотоӕхсӕн, танкон, артиллерион ӕмӕ сӕрмагонд дӕлхайӕдтӕ, афтӕ ма Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты ӕфсӕддонтӕ скуынӕг кодтой дзырдӕй ныхмӕлӕууӕджы полигон "Дзарцъемы, хъусын кӕны Уӕрӕсейы Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.

Уӕрӕсейаг базӕйы связисттӕ Хуссар Иры райдыдтой тактикон-сӕрмагонд ахуыртӕ

Ахуырты рӕстӕджы ӕфсӕддонтӕ скуынӕг кодтой ныхмӕлӕууӕджы къордтӕ хӕххон бынӕтты танктӕ Т72БМ, пехотӕйы хӕстон хӕдтулгӕтӕ БМП-2, артиллерион хӕдтулгӕ "Гвоздика", миномет "Сани" ӕмӕ гранатӕ ӕхсӕнтӕ АГС-17-ӕй.

"Ахуырты рӕстӕджы сӕйраг хъусдард здӕхт уыд хӕххон бынаты хӕстон архӕйдтытӕ уадзынмӕ, хӕстон хӕдтулгӕтыл скъӕрын ӕмӕ ӕхсыны курдиаты ӕмвӕзад фӕбӕрзонддӕр кӕнынмӕ, ӕмӕ ма ӕмархайд сорганизаци кӕнынмӕ", - радзырдтой зылды.

Дыууӕварсон тактикон ахуырты уӕрӕсейаг фарсӕй хайад истой 1200 ӕфсӕддонӕй фылдӕр ӕмӕ хӕстон техникӕйы 200 иуӕджы. Ахуыртӕ ауагътой стартегион-командон ахуыртӕ "Кавказ-2020"-мӕ цӕттӕкӕнынады фӕлгӕтты.