Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрады рабӕрӕг кӕндзысты хуыздӕр командӕ мини-футболӕй

Республикӕйы 30 азы сӕххӕсты цытӕн турнир мини-футболӕй райдыдта 15 августы, уӕлахиздзауты рабӕрӕг кӕндзысты 15 сентябры
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны уагъд цӕуы турнир мини-футболӕй Республикӕйы сӕвзӕрдыл 30 азы сӕххӕсты цытӕн Хъахъхъӕнынады министрады командӕты хсӕн.

Хуссар Иры уыдзӕн цыбыр кусӕгон къуыри

Министрады пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй ерыстӕ уагъд цӕуынц уагдоны сӕргълӕууӕг Гассеты Ибрагимы барамындӕй. Футболон хъӕзтытӕ цӕуынц 15 августӕй улӕфт бонты Цхинвалы спортивон объекттӕй сӕ иуы.

"Турниры хайад исынц фараст командӕйы, сӕ нымӕцы Хъахъхъӕнынады министрады Кадетон скъолайы хъомылгӕнджыты командӕ. Финалон хъӕзтытӕ ацӕудзысты 15 сентябры, уӕлахиздзаутӕн ратдзысты кубоктӕ ӕмӕ кады грамотӕтӕ", - банысан кодтой министрады.

Пресс-службӕйы бафтыдтой, зӕгъгӕ, турниры нысаниуӕг у мини-футболы дарддӕры райрӕзт ӕмӕ популяризаци ӕфсӕддонты хсӕн.