Дзабиты Иналы мæлæты зæрдæхсайгæ адæмы æрурæдтой – прокуратурæ

Зæрдæхсайгæ адæм се ʻппæт дæр сты МХМ-йы Криминалон милицийы кусджытæ. Цæстдарды уагдоны загътой сæ нæмттæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 1 сент - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæ фехъусын кодта Дзабиты Иналы мæлæты зæрдæхсайгæ адæмы нæмттæ. Генералон прокуратурæйы сгарæг Танделаты Эдуард радзырдта журналисттæн, Криминалон милицийы кусджытæ кæй æрцыдысты урæд.

"2020 азы 31 августы Цхинвалы горæты тæрхондон рахаста уынаффæ æруромын криминалон милицийы кусджытæ Сланты Ирбег, Хуыгаты Марат, Годжысаты Зауыр, Багаты Алан, Къозонты Сергей, Джиоты Андрей æмæ Тадтаты Артуры", - загъта уый.

Фæдагурæг банысан кодта, ацы номхыгъд, гæнæн ис, æмæ кæна фылдæр æмæ къаддæр дæр. Ацы авд адæймаджы нырма азым нæ цæуынц. Уымæй размæ, 28 августы, уæд нырма æбæрæг адæмы ныхмæ конд æрцыд уголовон хъуыддаг сæ куысты барты сæрты ахизыны фæдыл.

Президент арвыста хицауады отставкæйы

Дзабиты Инал райгуырд 1990 азы, баззад йын æртæ сывæллоны.

Ивгъуыд майрæмбоны рабæрæг ис, МХМ хистæры амарын бафæлварыны хъуыддаджы зæрдæхсайгæ адæймаг Дзабиты Иналы рæстæгмæ дарæн изоляторæй кæй фæхæццæ кодтой рынчындонмæ уæззау буары цæфтимæ. Фæстæдæр фехъусын кодтой, лæппу кæй амард.

Дзабиты Иналы мæлæт æхсæнады сæвзæрын кодта стыр резонанс. Уыцы бон Цхинвалы ацыд митинг, адæм домдтой, цæмæй йæ бынатæй сæрибар æрцæуа Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг æмæ æфхæрд æрцæуой азымджынтæ.