Президент арвыста хицауады отставкæйы

© Sputnik / Наталья АйриянПрезидент арвыста хицауады отставкæйы
Президент арвыста хицауады отставкæйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Раздæр премьер-министр Пухаты Эрик отставкæйы тыххæй фехъусын кодта Цхинвалы æнæразыдзинады митингтæй куы райдыдтой, уæд. Адæм рахызтысты МХМ рæстæгмæ дарæн изоляторы куы амард адæймаг

ЦХИНВАЛ, 29 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент бафыста барамынд хицауады отставкæйы тыххæй æмæ снысан кодта хицауады сæрдары хæстæ æххæтгæнæджы. Ӕмбæлон барамынд мыхуыр ʻрцыд президенты официалон сайтыл сабаты.

"Хуссар Ирыстоны Конституцийы 75-æм статьяйы дыккаг хай æмæ 76-æм статьяйы æртыккæгæм хаймæ гæсгæ фидар кæнын: Пухаты Эрик Георгийы фырты ссæрибар кæнын Хуссар Ирыстоны Хицауады сæрдары бынатæй йæ куырдиатмæ гæсгæ. Хуссар Ирыстоны Хицауады отставкæйы тыххæй фехъусын кæнын", - дзырдæуы хъусинаджы.

Республикæйы разамонæджы бармындмæ гæсгæ, хицауады сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæст кæндзæн вице-премьер Бекъойты Геннадий.

Коцты Алан  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы мэр цæуы отставкæйы

Бибылыт Анатолий ма бахæс кодта хицауады уæнгтæн сæ хæстæ æххæст кæнын, цалынмæ фидар не ʻрцæуа хицауады ног сконд.

Уымæй размæ, майрæмбоны Цхинвалы ацыд митинг горæты цæрæг Дзабиты Иналы мæлæты фæстæ, кæцыйы уыцы бон МХМ рæстæгмæ дарæн изоляторæй баластой рынчындонмæ уæззау буары цæфтимæ. Фæстæдæр рабарæг лæппу кæй нал фервæзт.Цауы фæдыл конд æрцыд уголовон хъуыддаг сæ куысты барты сæрты ахизыны фæдыл.

Инциденты тыххæй президент ауагъта æнæрадон рабадт тыхон структурæты разамонджытимæ, цы ран йæ дæлбар райста уголовон хъуддаджы сгæрст.  Уый фæстæ йæ отставкæйы тыххæй фехъусын кодта премьер Пухаты Эрик.

Ног хабӕртты лентӕ
0