Хуссар Иры ацӕудзӕн "Уӕлахизы диктант"

Диктанты хайад райсыны бар ис алкӕмӕндӕр, кӕй фӕнды басгарын йӕ зонындзинӕдтӕ Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты темтикӕйыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 сен – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны ацӕудзӕн "Уӕлахизы диктант", кӕцы у нывонд Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты цаутӕн, фехъусын кодта Sputnik Россотрудничествойы минӕварады разамонӕг Хуссар Ирыстоны Сергей Скворцов.

"Ацы диктант хъуамӕ ацыдаид апрелы, Уӕлахизы боны размӕ, фӕлӕ эпидемиологон уавӕр хынцгӕйӕ йӕ аргъӕвтой сентябрмӕ. "Уӕлахизы диктант" ацӕудзӕн Хуссар Ирыстоны 8 сентябры", - загъта Скворцов.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, диктант уагъд цӕудзӕн дыууӕ фӕзуатыл: ХИПУ базӕйыл ӕмӕ иу астӕуккаг ахуырадон уагдоны (дзырд цӕуы дыууӕ вариантыл – горӕт Цхинвалы фыццаг ӕмӕ дыккаг астӕуккаг скъолатӕ).

Cервис "Учись в России!" баххуыс кӕндзӕн Хуссар Иры рауагъдонтӕн бацӕуын УФ университеттӕм

"Ацы диктанты арӕнӕвӕрдтӕ нӕй. Алкӕцы адӕймагӕн дӕр фадат ис бадзурын диктанты организатортӕм хайад райсыны тыххӕй, уыдон сты ХИПУ ӕмӕ фӕсивӕдон организаци "Иугонд Алани", - бафтыдта Скворцов.

Россотрудничествойы минӕварады разамонӕг банысан кодта, диктант кӕй цӕудзӕн фӕлварӕны хуызы. Алкӕцы хайадисӕг дӕр райсдзӕн хӕслӕвӕрд, кӕцы хъуамӕ сараза. Алкӕцы хӕслӕвӕрды дӕр уыдзӕн 25 фарсты Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты тематикӕйыл.