Хуссар Иры уыдзæн цыппар улæфт боны Республикæйы бæрæгбоны цытæн

Сабат æмæ хуыцаубон (19-20 сентябры) улæфт бонтæм ма бафтдзæн къуырисæр (21сентябрь) æмæ дыццæг (22сентябрь)
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 сен – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Республикæ расидыны бæрæгбоны цытæн уыдзæн цыппар улæфт боны. Паддзахады разамонæджы барамындмæ гæсгæ, улæфт бонтыл нымад цæуынц 19,20,21 æмæ 22 сентябрь, фехъусын кодтой Sputnik хицауады пресс-службæйы.

Ацы аз Республикæ æмбæлы йæ 30 азы юбилейыл, æрвылаз 20 сентябры Хуссар Иры уæрæхæй банысан кæнынц Республикæйы бон, Театралон фæзуатыл ацæуы парад.

"Президенты барамындмæ гæсгæ Республикæйы боны цытæн уыдзæн дæргъвæтин улæфтытæ. Сабат æмæ хуыцаубон (19-20 сентябры) улæфт бонтæм ма бафтдзæн къуырисæр (21сентябрь) æмæ дыццæг (22сентябрь), уый хыгъд республикæйы уыдзæн цыппар улæфт боны", - загътой пресс-службæйы.
Республикæйы боны цытæн: æвзонг ленкгæнджытæ бавзардзысты сæ тыхтæ

1990 азы 20 сентябры хуссарирыстойнаг автономон областы адæмон депутаттæ расидтысты Советон демократон республикӕ Хуссар Ирыстон Советон Цæдисы сконды. Ацы датæ ссис Хуссар Иры сæйрагдæр паддзахадон бæрæгбонтæй сæ иу.

30 азы размæ райсгæ уынаффæ ссис хæдбардзинад æмæ æхсæнадæмон нымадмæ фæндагыл фыццаг къахдзæфтæй иу. Республикæ расидыны уынаффæ уыд Гуырдзыстоны националистон къордтæ æмæ сæ партийы разамынады æндæвдадæн дзуапп.