"Мегафон – Хуссар Ирыстон" аиуварс кодта интернеты куысты къуыхцытӕ

Интернет-провайдер "Остелеком"-ы куысты къуыхцытӕ фӕзындысты бонӕй фыццаг сахатыл, сӕ аххосаг нырма бӕрӕг нӕу
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 сен - Sputnik. Интернет-провайдер "Остелеком" ("Мегафон – Хуссар Ирыстон") аиуварс кодта интернетимӕ проблемӕ, кӕцыйы тыххӕй Цхинвалы цӕрджыты хай баззад ӕнӕ интернетӕй цыппӕрӕмы.

Бибылты Анатолий ӕрдзырдта "Мегафон"-ы финансон директоримӕ мобилон операторы проблемӕтыл

"Остелеком"-ы куысты къуыхцытӕ фӕзындысты цыппӕрӕмы, 12:30 сахатмӕ ӕввахс. Компанийы нырма нӕ загътой къуыхцыты аххосаг, фӕлӕ дзырд радтой сног кӕнын интернет-бастдзинад ӕввахс рӕстӕджы.

Интернеты куыст сног кодтой ӕртӕ сахаты фӕстӕ, 15:30 сахатмӕ ӕввахс.