Бибылты Анатолий ӕрдзырдта "Мегафон"-ы финансон директоримӕ мобилон операторы проблемӕтыл

© Sputnik / Наталья АйриянМегафон Хуссар Ирыстон
Мегафон Хуссар Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны абоненттӕ бирӕ хатт ӕвдыстой сӕ нӕразыдзинад лӕггӕдтимӕ, кӕцытӕ ӕххӕст кӕны республикӕйы иунӕг мобилон оператор

ЦХИНВАЛ, 6 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгады хӕслӕвӕрд у саразын уавӕртӕ компанитӕн, кӕцытӕ кусынц республикӕйы, афтӕ ма ӕмбӕстӕгтӕн дӕр, кӕцытӕ пайда кӕнынц ацы компаниты лӕггӕдтӕй, фехъусын кодта президент Бибылты Анатолий республикӕйы иунӕг мобилон операторы архайды фарстыты фӕдыл рабадтыл.

"Махӕн ис, цӕуыл ӕрныхас кӕнӕм. Уырны мӕ, нӕ ныхас кӕй уыдзӕн пайдаджын ӕмӕ иумӕйаг тыхтӕй фӕхуыздӕр кӕндзыстӕм компанийы куыст", - загъта президент.

ПАО "Мегафон" финансон директор Никита Орлов куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй ахӕм ахсджиаг инфраструктурон компани хъуамӕ хӕсса пайда адӕмӕн ӕмӕ хъуамӕ уа ӕнцонӕмбарӕн бизнес нывӕзтытимӕ.

Ног тарифон план - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Мегафон-Хуссар Ирыстон" кусы ног тарифтыл республикæйы абоненттæн

"Базар ам у чысыл, нӕй дзы конкуренци, уый фӕдыл махӕн ис хорз уавӕртӕ. Фӕлӕ мах ӕмбарӕм, республикӕйы кӕй хъуамӕ уа гъӕдджын бастдзинад. Мах ныртӕккӕ директорты советы агурӕм проблемӕйы скъуыддзаг", - загъта Орлов.

Уый банысан кодта, "Мегафон" дарддӕр кӕй ӕххӕст кӕндзӕн техникон ӕххуыс ӕмӕ дардзӕн хызӕгтӕ хорз уавӕры.

Бибылты Анатолий фидарӕй загъта, республикӕйы цӕрджыты фарстытӕ кӕй аскъуыддзаг кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ алкӕцы амалиуӕгады социалон здӕхтӕн дӕр хъуамӕ уа ахсджиаг фӕлгонц.

Ног хабӕртты лентӕ
0