Цхинвалы хуссар хай райдыдта бирæуæладзыгон хæдзары арæзтад

75 фатерон хæдзар арæзт цæуы столицæйы "Царз"-ы микрорайоны раздæры æмдзæрæндоны бæстыхайы бынаты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 сен — Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты "Царз"-ы микрорайоны раздæры æмдзæрæндоны бæстыхайы бынаты райдыдта 75-фатерон бирæуæладзыгон хæдзары арæзтад. Мæйæ фылдæры размæ кусджытæ æрæвнæлдтой арæзтадон куыстытæм, фехъусын кодта Sputnik объекты прораб Гæбæраты Гиви.

"Ныртæккæ дыууæ бацæуæны ныккалдтой бетон æмæ аразынц быцæугæнæн къул. Афтæ ма хæдзарæн калынц бындур. Дыууæ боны фæстæ та райдайдзыстæм ныккæнды къултæ монтаж кæнын", - загъта Гæбæраты Гиви.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, объекты кусынц 22 кусæджы, кæцытæ сæйраджыдæр сты бынæттон специалисттæ. Арæзтады куыстытæ райдайынц райсом 7 сахатыл æмæ фæкусынц изæры 6 сахатмæ.

Хорз фидæн: Хуссар Иры завод райдыдта уадзын хæдзæрттæ

"Арæзтадон æрмæджытæ кæнæ техникæимæ ницы проблемæтæ ис. Арæзтад цæуы графикмæ гæсгæ. 2022 азмæ раздæры æмдзæрæндоны бынаты фæзындзæн нырыккон фондзуæладзыгон хæдзар", - бафтыда уый.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ "Царз"-ы районы зæронд æмдзæрæндоны цæрджытæ кæй райстой нырыккон хæрзарæзтадон фатерты дæгъæлтæ Гуыбаты æфсымæрты уынджы цы ног хæдзæрттæ сырæзтысты, уым. Сæ бæлицц сæххæст 40 бинонтæн, кæцытæ аварион цæрæнуатæй рахызтысты ног фатертæм.