Тыбылты Георгий ссис Уӕрӕсейы фыццагады призер греко-римаг хъӕбысхӕстӕй

Уӕрӕсейы чемпионаты 60 килограммы уӕзы категорийы финалон тох ацыд знон Владимиры
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 сен — Sputnik. Цӕгатирыстойнаг спортсмен Тыбылты Георгий рамбылдта ӕвзист майдан Уӕрӕсейы фыццагады греко-римаг хъӕбысхӕстӕй 21 азы кары онг фӕсивӕды хсӕн, хъусын кӕны республикӕйы спорты министрады пресс-службӕ.

Олимпиаг чемпион Рӕмонаты Сослан фӕнд кӕны фæивын йӕ уӕзы категори – тренер

Уӕрӕсейы чемпионаты 60 килограммы уӕзы категорийы финалон тох ацыд знон Владимиры.

Тыбылты Георгий ӕнтыстджынӕй бахӕццӕ 60 килограммы уӕзы категорийы финалмӕ. Квалификацийы ирон спортсмен рамбылдта Мирлан Дапиновы (11:0); финалы 1/8 хайы – Эльяр Мавлюдовы (8:0); финалы цыппӕрӕм хайы – Сергей Курдоглойы (8:0), ӕрдӕгфиналы та – Гусейн Гусейновы (11:4).

"Финалы ирон богал фембылд Анвар Аллахьяровӕн 1:4 хыгъдӕй ӕмӕ ссис ӕвзист майданы хицау", - банысан кодтой пресс-службӕйы.

Уагдоны бафтыдтой, спортсмены ерыстӕм кӕй бацӕттӕ кодта Цӕмӕхъаты Нарт.