Олимпиаг чемпион Рӕмонаты Сослан фӕнд кӕны фæивын йӕ уӕзы категори – тренер

© Sputnik / Александр Вильф /  Ахизын медиабанкмæРӕмонаты Сослан
Рӕмонаты Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон спортсмен ссис Олимпиадӕйы уӕлахиздзау Рио-де-Жанейройы 65 килограммы уӕзы категорийы

ЦХИНВАЛ, 13 авг — Sputnik. Риойы Олимпиадӕйы уӕлахиздзау, ирон уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг Рӕмонаты Сослан Уӕрӕсейы чемпионаты архайдзӕн 65 кӕнӕ 70 килограммы уӕзы категорийы, хъусын кӕны Р-Спорт спортсмены тренер Мӕргъиты Анатолийы ныхӕстыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.

Зассеты Арсӕмӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры богал стох кӕндзӕн Уӕрӕсейы чемпионаты

Мӕргъиты Анатолийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъӕбысӕйхӕцӕг схос кодта йӕ травмӕйӕн ӕмӕ ныр ӕххӕст тренировкӕтӕ уадзы егъау турнирмӕ, кӕцы ацӕудзӕн октябры.

"Рӕмонаты Сослан архайдзӕн Уӕрӕсейы чемпионаты. Уӕзы категорийы тыххӕй мах аныхас кӕндзыстӕм Уӕрӕсейы сӕйраг тренер Тедеты Дзамболатимӕ. Кӕд турниры фӕстиуӕгӕн уа ахсджиаг бынат дунейы чемпионат ӕмӕ Олимпиадӕйы ӕвзӕрстытӕм – уӕд тох кӕндзыстӕм нӕхи уӕзы, 65 килограммы. Кӕнӕ та схиздзыстӕм бӕрзонддӕр категоримӕ", - загъта тренер.

Мӕргъиты Анатолий банысан кодта, спортсмены хӕслӕвӕрд у хайад райсын дунейы чемпионаты Сербийы, фӕлӕ Рӕмонаты Сослан ӕмӕ йӕ тренеры сӕйраг интерес у Олимпиадӕ Токиойы.

Ног хабӕртты лентӕ
0