Хуссар Иры милици ӕрурӕдтой столицӕйы цӕрӕджы ӕхсты тыххӕй

Хуссар Ирыстоны столицӕйы хуссар хай къуырисӕры ӕхсӕвы айхъуыст дыууӕ автоматон ӕхст, уый тыххӕй барадхъахъхъӕнӕг органтӕ ӕрурӕдтой 30-аздзыд лӕппуйы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органтӕ рӕстӕгмӕ ӕрурӕдтой столицӕйы цӕрӕджы ӕнӕзакъонон ӕхсты тыххӕй, фехъусын кодтой Sputnik Мидхъуыддӕгты министрады пресс-службӕйы.

Дзӕуджыхъӕуы нӕлгоймаг ӕмӕ полицийы кусджыты хсӕн рацыд кӕрӕдзи ӕхст

Хуссар Ирыстоны столицӕйы хуссар хай къуырисӕры ӕхсӕвы айхъуыст  дыууӕ автоматон ӕхст.

"Къуырисӕры ӕхсӕв дзулфыцӕн комбинаты районы айхъуыст автоматӕй ӕхст. Цауы фӕдыл рӕстӕгмӕ ӕрцахстой столицӕйы 30-аздзыд цӕрӕджы ӕнӕзакъонон ӕхсты тыххӕй, кӕцы уыд нозтджын",- загътой пресс-службӕйы.

Уагдоны кусӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фыдгӕнӕгӕн райстой йӕ хӕцӕнгарз дӕр.