Цхинвалы ацӕудзӕн турнир ленк кӕнынӕй Республикӕйы боны цытӕн

Ерыстӕ ацӕудзысты фыццаг хатт коронавирусон инфекцийы тасы тыххӕй арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ сисыны фӕстӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 сен — Sputnik. Республикӕйы боны цытӕн Хуссар Ирыстоны столицӕйы 19 сентябры спортивон комплекс "Олимп"-ы ацӕудзӕн турнир ленк кӕнынӕй.

Стыр нывӕзтытӕ: Цхинвалы байгом ис доны полойы сывӕллӕтты секци

Республикӕйы Ленк кӕныны федераци куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй ерыстӕ ацӕудзысты фыццаг хатт коронавирусон инфекцийы тасы тыххӕй арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ сисыны фӕстӕ. Турниры хайадисджытӕ уыдзысты Спорты галуан "Олимп" ӕмӕ ленкгӕнӕн бассейн "Дельфин"-ы ленкгӕнджытӕ.

"Ерыстӕ цӕудзысты 25, 50 ӕмӕ 100 метры дистанцитӕм. 25 метры дистанцимӕ тох кӕндзысты 2011 азы гуырд спортсментӕ, 50 метры дистанцимӕ та 2009-2010 азты гуырд спортсментӕ. 100 метры дистанцийы хайад исдзысты 2006-2008 азты гуырд ленкгӕнджытӕ. Ерыстӕ уагъд цӕудзысты уӕгъдибар стилы", - банысан кодтой Федерацийы.

Уӕлахиздзауты ӕмӕ призерты схорзӕхджын кӕндзысты кады грамотатӕ ӕмӕ майдантӕй. Турниры организатортӕ сты Спорты галуан "Олимп" ӕмӕ "РХИ Ленк кӕныны федераци".