Ахуыргӕнӕг професси нӕу, уый у цардыхӕс: президент хайад райста педагогон конференцийы

Ӕрвылазон конференцийы куысты хайад райстой 200 делегаты ӕмӕ 20 хуынд минæвары, ацы аз мадзал ацыд фæстæдæр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 сен – Sputnik, Плиты Фатимæ. Президент Бибылты Анатолий ӕрвылазон педагогон конференцийы раарфӕ кодта республикӕйы ахуыргӕнджытӕн ӕмӕ ӕрдзырдта сæ ӕнӕмӕнгхъӕугӕ, фӕлӕ зын куысты ахсджиагдзинадыл.

Хуссар Ирыстоны столицӕйы цӕуы педагогон конференци

Ӕрвылазон конференцийы куысты хайад райстой 200 делегаты ӕмӕ 20 хуынд минæвары, ацы аз мадзал ацыд фæстæдæр.

"Цас не ' хсӕнад ахуырдӕр уа , уый бӕрц дзы къаддӕр уыдзӕн проблематӕ ӕппӕт фадгуыты дӕр. Хъыгагӕн, абон фылдӕр авторитет ис стыр ахуырдзинадимæ адӕмӕн нӕ, фӕлӕ фылдӕр тых ӕмӕ фӕрӕзтӕ кӕмӕ ис, уыдонӕн", - загъта президент.

Паддзахады разамонӕг ма ӕрсидт, цӕмӕй алкӕцы педагогӕн дӕр аргъ кӕной йӕ ӕнтыстытӕм гӕсгӕ.

Цӕвиттойнаг рауагъдонтӕ: Хуссар Иры ахуырады министр схорзӕхджын кодта медалистты

"Министр йӕ раныхасы радзырдта медалистты нымӕц къаддӕр кӕны нæ республикæйы, афтӕмӕй та сгуыхт ӕмӕ адӕмон ахуыргӕнджыты нымӕц рӕзы. Кӕм дзы ис логикӕ? Хъуамӕ сӕ нӕмттӕ ахуыргӕнджытӕ исой сӕ куысты хатдзӕгтӕм гӕсгӕ", - бафтада уый.

Президент ма бузныг загъта ахуыргӕнджытӕн куыд президент ӕмӕ куыд ныййарӕг сæ иузæрдийон куысты тыххæй.

"Уӕ куыст зын, фæлæ ӕнӕмӕнгхъӕуӕг. Ахуыргӕнӕг професси нӕу, уый у цардыхӕс. Стыр бузынг уын республикӕйы разамынад ӕмӕ ныййарджыты номæй",- загъта Бибылты Анатолий.

Малзалы докладтӕ сарӕзтой ахуырады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Гасситы Натали, ныхасы рацыдысты горӕты администрацийы хистӕры хӕдивӕг Лолаты Жанна скъолайы, Къостайы хъӕуы скъолайы ахуыргӕнӕг, гимназ "Альбион" ӕмӕ фыццӕгӕм скъолайы ахуыргӕнджытӕ.