ЦХИНВАЛ, 17 сен – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы йӕ куыст райдыдта ӕрвылазон педагогон конференци "Воспитание и качество образования — национальная цель и стратегическая задача", мадзал цӕуы президент Бибылты Анатолийы хайадистӕй.
Мадзал йӕ разныхасӕй бакодта Ахуырады министрады хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕджы хӕдивӕг Гаглойты Элиса. Уый раарфӕ кодта конференцийы делегаттӕн ног ахуыры азы фӕдыл. Ӕрӕмбырдуӕывджытӕ иу уысм ӕдзӕмӕй лӕугӕйӕ ссардтой ӕрӕджы ӕгас ӕхсӕнад кӕуыл фӕхъынцъым кодтой, уыдоны рухс нӕмттӕ - Хуссар Ирыстоны Адӕмон нывгӕнӕг, Аивӕдты лицейы директор Кӕсойты Лаврентийы, Хуссар Ирыстон сгуыхт ахуыргӕнӕг Гогинова Нателла ӕмӕ ӕвзонг лӕппу Дзабиты Иналы рухс нӕмттӕ.
Ахуыргæнджыты конференци хъуамæ ацыдаид 31 августы , фæлæ йæ фæфæстæдæр кодтой республикæйы сæвзæргæ уавæр хынцгæйæ.
Ахуырады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Гасситы Натали банысан кодта, ивгъуыд ахуыры аз пандемиийы ахоссӕй цы ныффӕстиат кодтой, уый дӕр кӕй баххӕст кӕндзысты ацы аз.
"Дыууӕ мӕйы ссисты фӕлварӕн. Бузныг ахуыргӕнджытӕн, кӕцытӕ уавӕртӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ архайдтой сӕ куыст ӕххӕст кӕнын ӕмӕ ныййарджытӕн, кӕцытӕ архайдтой сӕ зӕнӕг ӕмӕ сӕ педагогты фарс, цӕмӕй ахуыр цӕуа ӕмбӕлон уагыл", - загъта Гасситы Натали.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, скъолайы агъоммӕ уагдӕтты радты фарст дӕр цадӕггай скъуыддзаг цӕуы.
"Хуссар Ирыстоны инвестицион нывӕзты фӕлгӕтты арӕзт ӕрцыд сабидон "Ӕфсир " Суворовы уынгыл, уый хорзӕрдӕм бандӕвта сабидӕтты радтыл, уый у иунӕг, цы ран ис фадӕттӕ къуындӕг авналӕнтимӕ сывӕллӕттимӕ кусынӕн. Радтӕ фӕкъаддӕр сты сабидон "Фӕрдыг"-ы баконды баконды фӕстӕ вокзалгӕрон. Ноджы ма иу сабидон та фӕзындзӕн Гуыбаты ӕфсымӕрты уынгыл",- загъта министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг.
Уый ма банысан кодта ивгъуыд аз уыдон 157 адӕймагӕн радтой куысты бынӕттӕ, зынгӕ фӕкъаддӕр сты ӕмрӕстӕджы дыууӕ бынаты чи кусы, уыдоны нымӕц дӕр ахуырады фадыджы.
Уый ма зӕрдыл ӕрдардта фарон иттӕг хорз нысӕнттимӕ скъола фесты цыппар адӕймаджы, уыдонӕй иу сызгъӕрин майданыл.
"Дӕсӕм къласты ахуырдзаутӕй майданимӕ кандидаттӕ уыд 49. 2020-2021 азы райдайӕны дыууӕ контролон куысты фӕстиуӕгӕн ма майданимӕ кандидатӕ баззад ӕрмӕст 12 ахуырдзауы",- бафтыдта уый