Хуссар Иры скъолатæ райстой ног "Абетæ"

© Sputnik / Наталья Айриян"Абетæ"
Абетæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уымæй размæ цы "Абеты" чиныг рцыд мыхуыр, уый æхсæнад райста æвзæр, социалон хызæгты йæм хастой бирæ фау, сæ нымæцы фараст дамгъæйы ( й, ё, ш, ж, э, ю, я, ъ, ь) ирон æвзаджы уазджытæ кæй схуыдтой, уый дæр

ЦХИНВАЛ, 11 сен – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны астӕуккаг скъолаты фыццагкъласонтӕ райстой баххӕстгонд ирон ӕвзаджы чиныг "Абетӕ", фехъусын кодтой Sputnik ахуырады министрады пресс-службӕйы.

Ирон ӕвзаджы чиныг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Раздахут дамгъӕтӕ: Бибылты Анатолий банхъардта бакусын "Абеты" чиныгыл

Ахуырады монон-фӕткӕвӕрдон нывӕзтмæ гӕсгӕ ивгъуыд азты Хуссар Ирыстоны ӕххӕст цыд ирон ӕвзаджы ахуыргӕнӕн чингуыты рауагъдад программӕ "Малусӕг"-ы фӕлгӕтты. Ӕхсӕнад "Абетӕ"-йы чиныгыл сӕмбӕлд ӕвзӕр, критикӕ социалон хызӕгтӕй рахызт уӕрӕхдӕр форматмӕ. Фарсты фӕдыл ацыд ӕмбырд президенты хайадистӕй. Аскъуыддзаг ӕрцыд чиныг сисын скъолатӕй ӕмӕ йыл ногӕй бакусын.

"Ивгъуыд ахуыры азы кӕрон чиныг баххӕстгондӕй уыд цӕттӕ. Сентябрӕй уӕрст ӕрцыд скъолатыл",- загътой пресс-службӕйы.

Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы чингуытӕ программæ "Малусæг"-ы фæлгæтты бацӕттӕ кодтой авторты къорд, кӕцыйы сконды уыдысты ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бӕрзонд квалификацигонд ахуыргӕнджытӕ, зонадон-иртасӕн институты кусджытӕ ӕмӕ ХИПУ ахуыргӕнджытӕ Битарты Зояйы къухдариуӕгадæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0