Парламент не сразы президенты ӕнхъарӕныл премьеры кандидатурӕйы фӕдыл

Парламентон комитетты рабадтытӕ, кӕцыты рӕстӕджы хъуамӕ рахастаикой уынаффӕ хицауады сӕрдары кандидатурӕйы фӕдыл, нӕ ацыдысты кворум кӕй нӕ ӕрӕмбырд, уый тыххӕй. Уый аххосагӕй нӕ ӕрӕмбырд закондӕттӕг органы президиум дӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 сен - Sputnik. Дӕс парламентон комитетӕй ӕрмӕстдӕр дыууӕ ӕркастысты президенты ӕнхъарӕнмӕ Бекъойты Геннадийы Хуссар Ирыстоны премьер-министры бынатмӕ снысан кӕныны фӕдыл, аннӕ комитетты рабадтытӕ нӕ ацыдысты кворум кӕй нӕ ӕрӕмбырд, уый тыххӕй. Уый фӕдыл закондӕттӕг орган не сразы паддзахады сӕргълӕууӕджы ӕнхъарӕныл, хъусын кӕны парламенты пресс-службӕ.

Парламент радон хатт не ‘ркаст Хуссар Иры премьеры кандидатурӕмӕ

16 сентябры президент Бибылты Анатолий парламенты ӕркастмӕ бавдыста Бекъойты Геннадийы кандидатурӕ премьер-министры бынатмӕ. Конституцимӕ гӕсгӕ, фарстмæ сессийы агъоммӕ ӕркӕсынц комитет æмæ президиумы. Закондӕттӕг органӕн уыд иу къуыри хицауады сӕрдары кандидатурӕмӕ ӕркӕсынмӕ, ӕмгъуыд фӕцис ӕртыццӕджы. Уый размӕ комитеты дыууӕ рабадты дӕр нӕ ацыдысты кворум кӕй нӕ ӕрӕмбырд, уый тыххӕй.

Парламент не сразы президенты ӕнхъарӕныл премьеры кандидатурӕйы фӕдыл

Цыппӕрӕмы кворумы тыххӕй нӕ ацыд парламенты президиумы рабадт дӕр, кӕцыйыл фӕнд кодтой ӕркӕсын премьеры кандидатурӕмӕ.

"Абоны бон президенты ӕнхъарӕнмӕ махмӕ ис ӕрмӕстдӕр дыууӕ комитеты уынаффӕтӕ: хъалонтӕ ӕмӕ бюджеты фӕдыл ӕмӕ фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы фӕдыл. Аннӕ комитетты рабадтытӕ нӕ ацыдысты кворумы тыххӕй, уый фӕдыл нӕ рахастой сӕ уынаффӕтӕ", - банысан кодта парламенты спикер Тадтаты Алан.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, комитетты рабадтытӕ нӕ ацыдысты парламенты куысты саботажы тыххӕй кӕцыдӕр депутатты рдыгӕй.

Закондӕттӕг органы сӕргълӕууӕг бахахх кодта, регламентмӕ гӕсгӕ спикер кӕй хъуамӕ сдзуапп кӕна президенты ӕнхъарӕныл, ӕмӕ бафтыдта, кӕй барвитдзӕн паддзахады сӕргълӕууӕгмӕ фыстӕг, цы ран бамбарын кӕндзӕн, цӕй тыххӕй не ркастысты Бекъойты Геннадийы кандидатурӕмӕ.

Парламент не сразы президенты ӕнхъарӕныл премьеры кандидатурӕйы фӕдыл

Фыццаг вице-спикер Гасситы Петр дӕр банысан кодта, парламентон комитеттӕ иууылдӕр кӕй хъуамӕ рахӕссой уынаффӕ премьеры кандидатурӕйы фӕдыл ӕмӕ сӕ бавдисой президиуммӕ.

"Депутатты хай къуылымпы кӕны парламенты куыст, комитетты рабадтытӕ нӕ ацыдысты, ӕмӕ уый фӕдыл уынаффӕтӕ президиуммӕ нӕ рахастой", - загъта Гасситы Петр.

Спикер: депутатты архайд у закондӕттӕг органы куысты ӕргом саботаж
Раздӕры хицауад ацыд отставкӕйы Цхинвалы митингты фӕстӕ. Столицӕйы адӕм се 'неразыдзинад равдыстой Цхинвалы цӕрӕг Дзабиты Иналы мӕлӕты фӕстӕ, кӕцы амард Мидхъуыддӕгты министрады криминалон милицийы рӕстӕгмӕ дарӕн изоляторы нады фæстиуæгæн.

Уый фæстæ митингты адӕм домдтой МХМ хистӕр ӕмӕ Генералон прокуроры отставкӕтӕ. 16 сентябры президент йӕ пресс-конференцийы комкоммӕ эфиры фехъусын кодта йӕ дзуапп депутаттӕн, генералон прокуроры йӕ бынатӕй ссӕрибар кӕнынӕн кӕй нӕй бындур. Уымӕй размӕ закондӕттӕг органты депутатты ӕмбис сӕ куыст ӕххӕст кӕныныл нал саразы сты, цалынмӕ президент сӕххӕст кӕна сӕ домӕн.

18 сентябры парламентон фракци "Иугонд Ирыстон"-ы скондæй йæ рахызты тыххæй фехъусын кодта депутат Мулдарты Гарри, уымæй уый равдыста йе ʻнæразыдзинад депутатты фылдæр хайы домæн æххæст кæй не ʻрцыд, уый тыххæй.