Столицæйы быронкалæн полигоны фарсмæ аразынц хъæбæр коммуналон æвзарæнты фæзуат

Ныртæккæ ам зæхх къахынц ангары бындурæн. Арæзт цæудзæн цæттæ конструкцитæй. Æдæппæт фæзуат уыдзæнис 1500 квадратон метры.
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik, Дриаты Лейла. Цхинвалы районы Ирыхъæуы быронкалæн полигоны фарсмæ райдыдта, хъæбæр коммуналон хауæддзæгтæ кæм æвзардзысты æмæ хицæн кæндзысты, ахæм фæзуаты арӕзтад.

Столицæйы быронкалæн полигоны фарсмæ аразынц хъæбæр коммуналон æвзарæнты фæзуат

Генералон подрядон организаци у Цхинвалы хæдзарадон хайад, уымæн æмæ горæты администрацийы ацы структурон дæлхай йæхæдæг эксплуатаци кæндзæн объекттæ. Ныртæккæ ам зæхх къахынц ангары бындурæн. Арæзт цæудзæн цæттæ конструкцитæй. Æдæппæт фæзуат уыдзæнис 1500 квадратон метры. Æвæрд дзы уыдзысты сæрмагонд ифтонггæрзтæ.

"Бырæтты пресс кæндзысты æмæ сæ араздзысты сæ уæз тоннæйы бæрц кæмæн уыдзæн, ахæм тюктæ. Афтæмæй сæ ныгæндзыстæм цы стыр уæрм скъахтам, уым", - зæгъы арæзтады прораб Æрсойты Инал.

Æппæт куыстытæ дæр ам хъуамæ фæуой фидæн азмæ. Уымæн æмæ йæ арæзтадæн проектмæ гæсгæ лæвæрд цæуы афæдзы бæрц.

Бестауты Бала радзырдта, цӕмӕ хъӕуы Хуссар Иры быроны полигон

Ивгъуыд аз, ацы хъæуы ног полигонæн рахицæн æрцыд æмæ уæрм скъахтæуыд 3,5 гектары фæзуатыл. Арæзт ма дзы æрцыдис модулон конструкцитæй лæггадгæнæг персоналæн административон цардуагон комплекс, афтæ ма объектмæ арæзт æрцыд фæндæгтæ дæр. Сæмбонд ын кодтой йæ алыварс иууылдæр, сæвæрдтой дзы трансформатор. Полигон кусын райдайдзæн йæ фарсмæ бырæттæ пресс кæнын æмæ æвзарынæн фæзуат арæзт куы æрцæуа, уæд, цæмæй экологийæн зиан ма хæсса.

Бырондонæн йæ эксплуатацийы æмгъуыд у 25 азы. Фæлæ бырæтты кæй æвзардзысты æмæ пресс кæндзысты, уымæ гæсгæ уыцы æмгъуыд зынгæ фæфылдæр уыдзæн.

Ныр арæзтцæуæг объект аскъуыддзаг кæндзæнис республикæйы кондадон æмæ цардуагон бырæттæ утилизаци кæныны хъæуæг домæнтæн дзуапп чи дæтдзæнис, ахæм бронкалæны, проблемæ.

Арæзтадон куыстытæ æххæст кодта арæнгонд бæрндзинады æхсæнад "Цхинвалы арæзтадон компани". Объект арæзт цыдис 2018-2019 азтæн РХИ-