ЦХИНВАЛ, 20 дек — Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Быроны полигон кусдзӕн 30 азы ӕмӕ аххӕсдзӕн ӕнӕхъӕн республикӕйыл, радзырдта Sputnik пресс-конференцийы Хуссар Ирыстоны экологи ӕмӕ геологийы комитеты сӕрдар Бестауты Бала.
"Быроны проблемӕ у ахсджиаг — горӕты алыварс фӕзындысты бирӕ бырондӕттӕ, адӕм калынц сӕ бырон алыран дӕр, ӕмӕ уыйимӕ хъӕуы тох кӕнын", — банысан кодта Бестауты Бала.
Ног бырондон сараздзысты Цхинвалӕй фондз километр фалдӕр, Ирыхъӕуы. Проектмӕ гӕсгӕ, дыууӕ егъау котлованы аххӕсдзысты республикӕйы сӕйраг районтыл ӕмӕ уый аскъуыддзаг кӕндзӕн быроны проблемӕ 25-30 азмӕ.
"Хъӕбӕр ӕвзарӕнтӕ ӕлхъывд цӕудзысты сӕрмагонд прессы хицӕн брикеттӕм. Уый ратдзӕн фадат утилизаци кӕнын ӕвзарӕнтӕ экологийӕн ӕдасӕй", — радзырдта Бестауты Бала.
Бестауты Балайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныры бырондон хъуамӕ скуынӕг кӕной, ног полигон куы саразой, уӕд, уый тыххӕй ӕмӕ у тӕссаг экологийӕн.
Полигоны арӕзтад нывӕндынц 2019 азы уӕрӕсейаг инвестицион программӕйы фӕлгӕтты. Проекты аргъ у 170 милуан соммӕ ӕввахс.