Хуссар Иры райдайдзӕн гриппы ныхмӕ вакцинаци

Гриппы ныхмӕ вакцинаци ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад ауадзы ӕрвылаз
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 сен – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад срӕвдз кӕндзӕн гриппы ныхмӕ вакцинаци ауадзыны куыст, фехъусын кодта Sputnik министры хӕдивӕг Цоциты Алла.

ӔХМ ӕрдзырдтой, цы нӕ фаг кӕны Хуссар Иры медицинон ӕххуыс ӕххӕст кӕнынӕн

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, вацинаци райдайдзысты уадзын къуырийы кӕрон

"Вакцинаци гриппы ныхмӕ цӕудзӕн амбулаторон-поликлиникон центры бындурыл. Уыимӕ иумӕ, ма кусдзӕн вацинаци уадзыны мобилон къордтӕ, кӕцытӕ цӕудзысты бынатмӕ", - загъта Цоциты Алла.

Гриппы ныхмӕ вакцинаци ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад ауадзы ӕрвылаз.