Гасситы Мурæт æмæ Джонсоны тох ацæудзæн кæсджытимæ - Кремлев

Къуырисæры рабæрæг ис, ирон боксеры дебютон ныхмæлæуд суперуæззау уæзы кæй ацæудзæн 31 октябры Сочийы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 1 окт — Sputnik. Дунейы раздæры чемпион фыццаг уæззау уæзы WBA æмæ IBF верситæм гæсгæ Гасситы Мурæт æмæ америкæйаг Кевин Джонсоны ныхмæлæуд Сочийы ацæудзæн кæсджытимæ, хъусын кæны Sports.ru.

Къуырисæры рабæрæг ис, ирон боксеры дебютон ныхмæлæуд суперуæззау уæзы кæй ацæудзæн 31 октябры Сочийы.

Фӕбӕрӕг Гасситы Мурӕты ныхмӕлӕууӕг йӕ дебютон тохы суперуӕззау уӕзы

Уæрæсейы Боксы федерацийы сæргълæууæг Умар Кремлевы ныхæстыл æнцойгæнгæйæ, портал хъусын кæны, зæгъгæ, Сочийы нырма бауагътой аренæйы цы кæсджытæ цæуынц, уыдон 50% бауадзын тохмæ. Йæ ныхæстæм гæгæ, уыцы изæр тох кæндзысты WBA Interim (рæстæгмæ чемпионы рон) титулыл, фæлæ ныртæккæ цæуынц бадзырдтæ, цæмæй ма стох кæной ноджы искæцы титулыл дæр.

Ирон экс-чемпион фæстаг хатт тох кодта 2018 азы 21 июлы. Уæд уый фембылд Александр Усикæн тæрхонгæнджыты иумæйаг скъуыддзагæй. Уый фæстæ боксер аскъуыддзаг кодта ахизын уæззау уæзмæ. Фæлæ ног дивизионы йæ дебют цалдæр хатты æрцыд æргъæвд.