Хуссар Иры хъӕутӕй иуы Сталинӕн сӕвӕрдзысты цырт

Цъорбисы центры арӕзт цӕуы Сталины номыл фӕзуат, йӕ фидыц суыдзӕн Советон цӕдисы раздзогы егъау цырт. Арӕзтад цӕуы Уӕрӕсейы уӕгъдибар хъӕбысхӕсты сӕйраг тренер Тедеты Дзамболаты хӕрдзтӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 окт – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Цъорбисы хъӕуы центры фӕзындзӕн генералиссимус Иосиф Сталины цырт, фехъусын кодта Sputnik арӕзтады къухдариуӕггӕнӕг Тедеты Георгий.

Цорбисы арӕзт цӕуы Сталины номыл фӕзуат, йӕ фидыц суыдзӕн Советон цӕдисы раздзогы егъау цырт. Арӕзтад цӕуы Уӕрӕсейы уӕгъдибар хъӕбысхӕсты сӕйраг тренер Тедеты Дзамболаты хӕрдзтӕй.

"Хъӕуы центры хӕрзарӕзт цӕуы Сталины номыл фӕзуат, уым ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн Сталины цырт. Ныридӕгӕн статуя у цӕттӕ, ис Дзӕуджыхъӕуы, йӕ бӕрзӕнд уыдзӕн ӕртӕ метры", - загъта Тедеты Георгий.

Сталины мӕлӕты фӕстӕ Советон цӕдисы сӕргъ Хрущев куы слӕууыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ бӕстӕйы расидтысты десталинизаци, йӕ фӕлгӕтты ивд цыдысты Сталины ном цы топонимтӕ хастой, уыдон, пырх ын кодтой йӕ цыртытӕ.

Сталины хъӕбулы хъӕбул амард Мӕскуыйы

1961 азы Хуссар Иры столицӕйы ном Сталинирӕй раивтой Цхинвалмӕ, фӕлӕ уӕддӕр Хуссары Ирыстоны нӕ фӕтагъд кодтой йӕ цыртытӕ айсын. Суанг ма цӕдис куы ныппырх ис, уӕддӕр республикӕйы районты баззадысты йӕ цыртытӕ, Советон цӕдисы хъаугъайаг лидерӕн йӕ ирон равзӕрд хынцгӕйӕ ам нӕ систой сӕ къух Сталины номыл. Столицӕйы театралон фӕзуатӕй цырт айстой ивгъуыд ӕнусы астӕу.