Вирус ам ис: Хуссар Иры сӕйраг санитарон дохтыр арӕныл тобӕты тыххӕй

Республикӕйы пандемийы райдайӕнӕй сбӕрӕг кодтой 141 рынчыны коронавирусӕй, уыдонӕй 51 адӕймаджы – Уӕрӕсеимӕ арӕны баконды фӕстӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 окт – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина банысан кодта, ныры уавӕрты арӕны сӕхгӕд актуалон нал у.

Республикӕйы пандемийы райдайӕнӕй сбӕрӕг кодтой 141 рынчыны коронавирусӕй, уыдонӕй 51 адӕймаджы – Уӕрӕсеимӕ арӕны баконды фӕстӕ

"Арӕн сӕхгӕнынӕй ницы пайда уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ вирус ӕрхӕццӕ ардӕм. Нытӕккӕ бирӕ баст у адӕмы социалон бӕрнимӕ", - загъта Коцты Марина йӕ интервьюйы Sputnik Хуссар Ирыстонӕн.

Уый банысан кодта, республикӕйы кӕй уадзынц эпидемиологон мадзӕлттӕ. Куы бахъӕуы, уӕд адӕмы арвитынц хисӕрмагонд изоляцимӕ, диагноз куы сбӕрӕг кӕнынц, уӕд та специалисттӕ бӕрӕг кӕнынц контактон гоймӕгты.

Цӕгат Иры Роспотребнадзоры фехъусын кодтой ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг алкӕцы интерьюйы дӕр сиды адӕммӕ, цӕмӕй сӕм фылдӕр бӕрндзинад уа.

"Адӕймагӕн симптомтӕ куы фӕзына, уӕд хъуамӕ ӕмбара, йӕ архӕйдтытимӕ бирӕ кӕй у баст. Нӕ хъӕуы цӕуын рынчынӕй куыстмӕ кӕнӕ ахуырмӕ. Низы рӕстӕджы тынг ахсджиаг у хисӕрмагонд изоляци", - бахахх кодта Коцты Марина.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фылдӕр хатт адӕм ӕнцонтӕй фӕтых вӕййынц коронавирусыл, фӕлӕ сӕ цуры арӕх вӕййы адӕм, кӕцытӕн вӕййы сӕкӕры диабет кӕнӕ ӕндӕр низтӕ, ӕмӕ уыдонӕн вирус фылдӕр зиан ӕрхӕсдзӕн.

Сӕйраг санитарон дохтыр радзырдта сезонон гриппы тыххӕй дӕр ӕмӕ банысан кодта, уагдон ӕрвылбон йӕ хъус кӕй дары ахуырадон уагдӕтты уавӕрмӕ.

Коцты Марина бафтыдта, зӕгъгӕ, ӕнӕ тестӕй зын у рахицӕн кӕнын коронавирус ӕмӕ хуымӕтӕг грипп, уый фӕдыл хъӕуы райсын анализы лабораторон фӕстиуӕг.