Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй амард сылгоймаг

Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ арӕныл 15 сентябры тобӕтӕ куы систой, уӕдӕй нырмӕ сбӕлвырд кодтой 194 рынчыны коронавирусӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 окт — Sputnik. Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой 57 рынчыны коронавирусӕй. Хуссар Ирыстоны сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина фехъусын кодта, республикӕйы территорийыл кӕй ӕрцыд фыццаг уды зиан COVID-19-ӕй.

"РБМЦ инфекцион хайады амард иу пациенткӕ, 88-аздзыд сылгоймаг, кӕцыйӕн уыд дыууӕварсон пневмони ӕмӕ лабораторион уавӕрты сбӕлвырдгонд COVID-19", - загъта Sputnik Коцты Марина.

Уый ма ӕрсидт цӕрджытӕм, цӕмӕй сӕхи хизой бирӕ адӕмы ӕмбырды бынӕттӕм цӕуынӕй, ӕххӕст кӕной санитарон службӕты рекомендацитӕ ӕмӕ рынчыны симптомтӕ куы рахатой, уӕд сӕхи ахибар кӕной ӕмӕ фӕдзурой дохтырмӕ хӕдзармӕ.

Хуссар Иры коронавирусӕй рынчынты иумӕйаг нымӕц схызт 230 адӕймаджы онг

Уымӕй размӕ ма фехъусын кодтой, коронавирусӕй кӕй фӕрынчын сты президент Бибылты Анатолий ӕмӕ хицауады сӕрдары хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Бекъойты Геннадий.

Республикӕйы карантин бакодтой ӕртӕ скъолайы - гимназ"Альбион", Аивӕдты лицейы ӕмӕ дыккӕгӕм скъола, стӕй ма ӕртӕ сабидоны горӕт ӕмӕ районты.