Цӕгат Ирыстоны ацыд кӕсаг ахсыны чемпионат

Ерысты архайдта 19 спортсмены, дыууæйæ дзы уыдысты Цæцæны республикæйæ. Тур ахаста 5 сахаты бæрц
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 окт – Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Бруты хъӕуы цадты ауагъдӕуыд кæсаг ахсыны чемпионат. Йæ архайджытæн алы кæсаг дæр уыди сызгъæрины хуызы, хъусын кӕны ПТРК «Алания».

Зиан экосистемӕйӕн: Хуссар Иры фӕтыхджындӕр кӕндзысты тох браконьертимӕ

Спортсменты сæйраг хæс уыд куыд гæнæн ис, афтæ фылдæр кæсаг æрцахсын. Ахстой фылдӕрбӕрцӕй карп.

Чемпионаты хайадисджытӕ куыд нысан кодтой, афтӕмӕй карп хуымæтæг кæсаг нæу. Хъæуы йыл уæлдай узæлыд. Уымæн æмæ цыфæнды хæринагмæ æнгуырмæ хæстæг не рбацæудзæн.

Ерысты архайдта 19 спортсмены, дыууæйæ дзы уыдысты Цæцæны республикæйæ. Тур ахаста 5 сахаты бæрц. Тæрхонгæнджыты раз æвæрд уыд хæс — кæсаг ахсыны спорты 3-аг категорийы аккаг чи суыдзæн, ахæм 11 спортсмены равзарын.

Радон ерыстæ ацæудзысты республикон æмвæзадыл. Уæд та спортсментæ ахсдзысты балер кæсаг