Цхинвалы инфекцион хайады амард вирусон пневмониимӕ пациент

Медицинон уагдоны фехъусын кодтой, нӕлгоймаг кӕй бахаудта рынчындонмӕ дыууӕварсон пневмониимӕ, фӕлӕ дохтыртӕн нӕ бантыст йӕ фервӕзын кӕнын
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны дыууӕварсон пневмонийӕ амард 47-аздзыд нӕлгоймаг, фехъусын кодтой Республикон бирӕпрофилон медицинон центры инфекцион рынчындоны.

Хуссар Иры медицинон уагдон сифтонг кӕндзысты туаггуырӕй

Нӕлгоймаг бахаудта рынчындонмӕ цыппӕрӕмы ӕхсӕвы, уый амард госпитализацийӕ иу сахаты фӕстӕ. Нырма бӕрӕг нӕу, нӕлгоймаг коронавирусӕй рынчын уыд ӕви нӕ – тесты фӕстиуӕг нырма бӕрӕг нӕу.

"Къуырийӕ фылдӕр нӕлгоймаг хоскӕнынад цыд хӕдзары. Рынчындонмӕ уый бахаудта уӕззау уавӕры. Басгӕрсты фӕстӕ дохтыртӕ сӕвӕрдтой диагноз "дыууӕварсон пневмони". Афтӕ ма, фӕмардуӕвӕгӕн уыд сӕкӕрниз дӕр", - радзырдтой рынчындоны.

Амӕй размӕ Хуссар Ирыстоны дыууӕ адӕймаджы амардысты коронавирусӕй – 84-аздзыд нӕлгоймаг ӕмӕ 88-аздзыд сылгоймаг. Пандемийы райдайӕнӕй коронавирусон инфекцийӕ фӕрынчын сты 367 адӕймаджы.